филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 воскресенье, 12 мая 2024
08 апреля 2022, 12:00
Республикæйы Парламенты уæнгтæ хорзыл банымадтой хæцæнгарз æлхæныны фæтк фæкарздæр кæныны хъæппæри

Федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны проекты автортæ сты Перьмы крайы закъонæвæрджытæ

Республикæйы Парламенты уæнгтæ хорзыл банымадтой хæцæнгарз æлхæныны фæтк фæкарздæр кæныны хъæппæрис. Федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны проекты автортæ сты Перьмы крайы закъонæвæрджытæ. Афтæ, хæцæнгарз æлхæнынæн бардæттæг æвдисæндар райсыны фæтк хъуамæ цæхгæр фæкарздæр уа, кæмæн æй дæттынц, уыцы адæмы кар та дзæвгар фæфылдæр уыдзæн. Ахæм хъæппæрис равзæрд, ахуыргæнæндæтты бирæ хæттыты хæцæнгарзæй æхстытæ кæй æрцыди, уый фæстæ. Уыимæ, Перьмы крайы дæр. Парламенты уæнгтæ æрныхас кодтой экологийы фарстатыл дæр. Комитетты разамонджытæ рахæцыдысты æрдз хъахъхъæныны хъуыддаджы æхсæнадон инспекторты бартæ фæуæрæхдæр кæныны закъоны фарс. Хъалонты комитет та хорзыл банымадта хъалонты кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Закъоны проекты фæлгæты хъалонтæй уæгъдгонд чи цæуы, уыцы хицæн адæмы æфтиаг 4 минæй сырæздзæн 10 мин соммæ. Социалон къабазыл æрныхас кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл комитеты. Депутаттæ ма рахæцыдысты, коронавирусы инфекци парахат кæныны рæстæг коммуналон лæггæдты æргътæ уæлдæр кæныны мораторийы федералон закъон дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania