филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:39 воскресенье, 05 мая 2024
25 июля 2022, 10:44
Республикæйы поликлиникæтæ сифтонг кæндзысты нырыккон техникæйæ

Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы фæзынд 14 ног медицинон кусæнгарзы

2021 азæй 2025 азмæ æххæстгонд цæудзæн æнæниздзинадхъахъхъæнынады  рацарæзты программæмæ.  Йе руаджы республикæйы поликлиникæтæ сифтонг кæндзысты нырыккон техникæйæ. Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы фæзынд 14 ног медицинон кусæнгарзы. Куыд ахады нырыккон техникæ дохтыры куыстыл, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады  рацарæзты программæмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы фæзынд 14 ног медицинон кусæнгарзы. Программæ йæ тыхы бацыд 2021 азы. Цæмæй, цы мадзæлттæ снысан кодтой, уыдон сæххæст кæной, уый тыххæй рахай кодтой 370 милуан сомы. Ныр поликлиникæ сифтонг кодтой флюорогрæфæй, пневмотонометрæй, ультрозвукон аппаратæй æмæ æндæр хъæугæ техникæйæ. Се руаджы æнцондæр уыдзæн канд рынчынтæн нæ, фæлæ ма дохтыртæн сæхицæн дæр.

Техникæ цас нырыккондæр уа, уыйас æнцондæр кæны адæмы цард. Ныр, кæй зæгъын æй хъæуы, куыст цæуы рæвдздæр. Поликлиникæйы иу бонмæ райсынц 100 адæймаджы онг. Уæлдай хорз та уый у, æмæ кæд раздæр дохтыры хатдзæгмæ æнхъæлмæ кæсын хъуыд дыууæ боны, уæд ныр уайтагъд сцæттæ вæййы.

Ацы нымæцон флюорографион аппарат у, программæмæ гæсгæ цы техникæ æрбаластой, уыдонæй иу. Кæд санитарон домæнтæ иууылдæр æххæстгонд цæуынц, уæддæр æппæты нæ фæндыд искæйы фæстæ техникæмæ æндзæвын. Фæлæ ныр, ног флюорогрæфæй спайда кæнæн ис æнæвналгæйæ.

Нырыккон техникæйы ахадындзинад у фылдæр. Ныр нымæцон флюрографи у гом, бирæ рынчынтæ æхгæд бынæттæй кæй тæрсынц, уымæ гæсгæ. Уымæй уæлдай ма йæм ныр æндзæвын дæр нæ хъæуы. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, рентгены тынтæй иртæст къаддæр зиан хæссы.

Ног техникæйæ пайда кæнын райдыдтой цæстыты дохтыртæ дæр.  Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куыст дзæвгар фенцондæр. Уымæн æмæ – иу рынчынты схуыссын кодтой æмæ сын сæ цæстыты сæрмагонд хос ныккодтой. Биртæн уый сæ зæрдæмæ нæ цыд, уымæн æмæ иу цæстытæ дудын райдыдтой. Ныр та, техникæйы руаджы уыцы зындзинæдтæ кæнын нал хъæуы.

Программæмæ гæсгæ цы мадзæлттæ снысан кодтой, уыдоны руаджы республикæйы фæхуыздæр уыдзæн медицинон æххуыс, æнæниздзинадхъахъхъæнынады фæрæзтæй фылдæр пайда кæндзысты æмæ фæфылдæр уыдзæн æнæниз адæмы хыгъд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania