филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:37 вторник, 16 декабря 2025
17 октября 2019, 12:00
Республикæйы психиатрион рынчындоны мæйы размæ райдыдтой бындурон цалцæггæнæн куыстытæ

Уæвгæ дзы ис 4 корпусы, фæлæ уал бавнæлдтой дыууæмæ. Уыдонмæ бæстон базилын нысан кæнынц декабры кæронмæ.

Республикæйы психиатрион рынчындоны мæйы размæ райдыдтой бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Уæвгæ дзы ис 4 корпусы, фæлæ уал бавнæлдтой дыууæмæ. Уыдонмæ бæстон базилын нысан кæнынц декабры кæронмæ. Куыстытæн сæ цæст дарынц Цæгат Ирыстоны арæзтады æмæ архитектурæйы министрад, стæй рынчындоны разамынд. Объекты бындурон цалцæгæн æхца радих кодтой республикæйы бюджетæй.

Арæзтадон куыстытæ райдыдтой мæйы размæ, фæлæ ныридæгæн дæр стыр куыст бакодтой. Фыццаджыдæр баивтой коммуникацитæ æмæ сæвæрдтой ног рудзгуытæ. Ныр та бæстыхайы райдайдзысты канализаци ивын æмæ мидæггаг куыстытæ кæнын.

Психиатрион рынчындоны бындурон цалцæгмæ йæ цæст дары Цæгат Ирыстоны арæзтады æмæ архитектурæйы министрад. Алы бон дæр специалисттæ объектыл скæнынц инспекцион балцытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй алцыдæр цæуы нысангонд фæткмæ гæсгæ. Подрядон организацийы куыстмæ бæстон кæсынц рынчындоны администрацийы минæвæрттæ.

Ныртæккæ кæм кусынц, уыцы дыууæ корпусы цалцæггонд нæ уыдысты 75-æм азæй фæстæмæ. Фæстаг 7 азы та уæвгæ дæр афтидæй лæууыдысты. Уымæн æмæ сæ уавæртæ нырыккон санитарон домæнтæн дзуапп нал лæвæрдтой, æмæ дзы пациентты дарæн нал уыди. Æмæ сæ равитой æндæр хайæдтæм. Уый та æййафын кодта зындзинæдтæ.

Æдæппæтæй рынчындоны ис 4 корпусы. Сæ дыууæйы уал цалцæг фæуыдзæн декабры кæронмæ. Уымæ рагæй æнхъæлмæ кастысты, зæгъы сæйраг дохтыр. Ацы аз объекты бындурон цалцæгæн æхца радих кодтой республикæйы бюджетæй.

Дыууæ корпусы цалцæг банымайæн ис ахадгæ къахдзæфыл, зæгъынц специалисттæ. Разæй дæр сæм æнхъæлмæ кæсы стыр куыст, ома иннæ дыууæ бæстыхайы сцалцæг кæнын. Уый дæр сæ къухы кæй бафтдзæн, ууыл сæ зæрдæ дарынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania