филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:46 четверг, 29 января 2026
27 января 2026, 10:33
Республикæйы райдыдта Хохы Санибæйæ Хъæрмæдоны онг фæндаджы рацарæзт

Проект царды уаддзысты 2 къæпхæнæй

Республикæйы райдыдта Хохы Санибæйæ Хъæрмæдоны онг фæндаджы рацарæзт. Проект царды уаддзысты 2 къæпхæнæй. Æппæт куыстытæ хъуамæ фæуой 2027-æм азы. Фæлæ сæ ныридæгæн æххæст кæнынц, нысангонд фæткæй раздæр. Рацарæзт цæуы 2 километры æмæ рдæджы дæргъæн уаццаджы. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы объекты уыдзæн 2 хиды. Фидæны конструкци иу кæны Хохы Саниба фæндагимæ. Ацы хайы кусынц бырауæй. Цæттæ кæнынц бындур михтæй фундаменттæн, куыд хиды быцæугæнæн хайы бынмæ, афтæ былгæрæттæ фидаргæнæн къулы бынмæ дæр.

Быраугæнæн куыстытæ конд сты 60 процентæн. Æххæстæй сæ фæуын фæнд кæнынц февралы кæрон. Дыккаг хид цæуы Гæналдоны цæугæдоны сæрты. Ам дæр техникæ æнæ куыстæй нæ лæууы. Инженерон арæзтадтæ сты реконструкцийы æппæтæй зындæр къæпхæнтæй иу. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æмтгæй райсгæйæ, объекты зындзинæдтæ нæй, кæд æмæ хæххон бынаты ис, уæддæр. Йæ иумæйаг дæргъ у 2 мин æмæ рдæг километры. Фæндаггон куыстытæ цæуынц алы хæйтты.

Реконструкцийы фæстæ фæндаг дзуапп дæтдзæн 4-æм техникон категорийæн æмæ йын уыдзæн змæлды 2 фарсы. Алкæцыйы уæрх дæр – фæйнæ 3 метры. Æдас æмæ æнцонвадат магистраль сæххæст кæндзæн хæххон хъæуæй рацыд Джызæл-Хъæрмæдон-Фыййагдон-Дзуарыхъæуы фæндаджы хаймæ. Уый уæлдай ахсджиаг у Хохы Санибайы цæрджытæн. Абон ам æдзух цæры 10 адæймаджы онг. Сæ фылдæр сты хистæр кары. Уыдонæй иу Хæмыцаты Эльбрус. 40 азмæ фермер сахуыр хохы тызмæг уавæртыл. Фæлæ уыимæ куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ хъæумæ цы фæндагыл цæуынц, уый æдас нæу. Сæ зæрдæ дарынц, хæстæгдæр рæстæг уавæр кæй аивдзæн, ууыл.

Хохы Саниба ис республикæйы 2 рæсугъд комы *хсæн. Иуырдыгæй Гæналдоны, иннæрдыгæй – Дайраны ком. Ацы бынæттæ туристты *хсæн парахат сты, уымæ гæсгæ хъæуы туристон инфраструктурæйы объектты нымæц æдзух рæзы: ам аразынц уазæгдзæрæнтæ æмæ уазæг хæдзæрттæ. Ноггонд фæндаг зынгæ фенцондæр кæндзæн логистикæ. Экономикон æгъдауæй суыдзæн пайдайагдæр. Реконструкци фæуын фæнд кæнынц 2027-æм азы кæрон. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania