филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:46 воскресенье, 19 мая 2024
20 апреля 2022, 11:53
Республикæйы райдыта, национ проект «Горæты тыгъдад æмæ цæрæнуæтты» фæлгæты æхсæнадон территоритæ аив кæныны онлайн-хъæлæс кæныны процедурæ

Фарон проект сæххæст кæнынæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыди 200 милуан сомы

Республикæйы райдыта, национ проект «Горæты тыгъдад æмæ цæрæнуæтты» фæлгæты æхсæнадон территоритæ аив кæныны онлайн-хъæлæс кæныны процедурæ. Фарон проект сæххæст кæнынæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыди 200 милуан сомы. Ацы аз нысантæм гæсгæ дæр ыл хардзгонд æрцæудзæн уый бæрц фæрæзтæ. Республикæйы хай дзы у гыццыл. Алкæмæн дæр  ис йæ хъуыдытæ æмæ фæндонтæ паддзахадон лæггæдты сайтмæ бахæссын, стæй мобилон фæрæзтæй схъæлæс кæнын фадат.  30-æм майы онг сæ хъæппæристæ бахæссын сæ бон у, 14 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм адæмæн.  Бæрæггонд куыд у, афтæмæй ацы аз Мæздæджы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районтæ нæ равæрдтой сæ объекттæ фæрæзтæ сын кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй, фæлæ уыцы районты цæрджытæн сæ бон у, Дзæуджыхъæуы объекттыл схъæлæс кæнын. Æдæппæтæй схъæлæс кæнæн ис 76 объектыл. Уыдонæй æвзæрст æрцæудзысты 32 æхсæнадон фæзы. Базилдзысты сæм иннæ аз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania