15 сентября 2022, 10:46
Республикæйы районты дарддæр цæуынц дæтты былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ
Ныртæккæ хъахъхъæнæн фæрæзты бындурон рацарæзт цæуы Мичурины хъæуы
Республикæйы районты дарддæр цæуынц дæтты былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ. Ныртæккæ хъахъхъæнæн фæрæзты бындурон рацарæзт цæуы Мичурины хъæуы. Уыцы бынат нымад цæуы, донивылдытæй тæссаг кæмæн у, ахæмыл. Тыхджын къæвдаты аххосæй фæцудыдтой хъахъхъæнæн фæрæзтæ æмæ уый аххосæй дон æрбакæлы цæджыты хæдзæрттæм. Мичурины цы доныбылгæрæттæ ис, уыдон фидар кæнынц фыццаг хатт æртын азмæ. Уыцы бынаты фæкъаддæр кодтой доны бæрц, цæмæй специалисттæ æдыхстæй архайой, уымæн. Уымæй уæлдай дзы скæндзысты ног дамбæтæ. Куыстытæ фæуыдзысты иу мæйы фæстæ.




