филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 суббота, 06 декабря 2025
15 октября 2025, 10:34
Республикæйы Сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ арæзт æрцыд  сæрмагонд æмбырд, æрдзон æвæрæнтæй пайда кæныны цæстдарды Федералон службæйы разамонæг Светлана Радионоваимæ

Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны егъау арæзтадыл

Республикæйы Сæргълæууæджы хъæппæрисмæ гæсгæ, видеоконференцийы хуызы арæзт æрцыд  сæрмагонд æмбырд, æрдзон æвæрæнтæй пайда кæныны цæстдарды Федералон службæйы разамонæг Светлана Радионоваимæ. Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны егъау арæзтадыл. Ныртæккæ уал æмбырд кæнынц гæххæттытæ. Нысантæм гæсгæ ног комплексы уыдзæн бырæтты куыстгæнæн завод, стæй хъæбæр коммуналон хауæддзæгтимæ куысты полигон. Инвестицион проект, йæхи хардзæй царды уадзы регионалон оператор «ЭРА». Ныры онг уал кæронмæ æрхæццæ фыццаг къæпхæны арæзтад. Ацы азы июны объекты цæттæдзинад уыд 97%. Проектон документацимæ хъуыди ивддзинæдтæ бахæссын, æмæ æртыккаг экологон экспертизæ скæнын. Æмбырды ма архайдта Цæгат Кавказы регионты хсæн Федералон службæйы управленийы разамонæг Æлдаттаты Эрик. Хатдзæгтæ кæнгæйæ, хаст æрцыд уынаффæ, подрядон организацийы минæвæрттæ федералон ведомстовмæ арвитын, цæмæй æрныхас кæной фарстайаг хъуыддæгтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania