филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 суббота, 18 мая 2024
18 июля 2023, 12:00
Республикæйы сæргълæууæджы ног уынаффæгæнæгæй нысангонд æрцыди Баситы Алан

Хицауады уæнгтæн æй Сергей Меняйло бацамыдта æрвылкъуырион аппаратон æмбырды

Республикæйы сæргълæууæджы ног уынаффæгæнæгæй нысангонд æрцыди Баситы Алан. Хицауады уæнгтæн æй Сергей Меняйло бацамыдта æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Баситы Алан йæ цæст дардзæн энергетикæйы къабазы фарстатæм. Ныхас цыди сывæллæтты скъоламæ цæттæ кæныныл дæр. Алыбекты Эллæйы ныхæстæм гæгсæ, ацы аз æнхъæлмæ кæсынц 10 мин скъоладзауы бæрцмæ. Ахуыргæнæндæттæ иууылдæр цæттæ сты скъоладзауты æрбацыдмæ. Æмбырды архайджытæ, уымæй уæлдай, се ргом аздæхтой æнæзакъон бырондæттæ куынæг кæнынмæ. 76-æй уал ныссыгъдæг кодтой 46. Иннæ ахсджиаг фарста – фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ кæнын. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 105 объектæй се мбисæй фылдæр ныридæгæн сты цæттæ. Сергей Меняйло фехъусын кодта, республикæ 1 миллиард сомы уæлæмхасæн кæй райста, уый. Хардзгонд æрцæудзысты арæзтадон объекттыл  æмæ бындурон цалцæгыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania