филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:15 вторник, 16 декабря 2025
08 января 2020, 12:45
Республикæйы сæргълæууæг æмбæлы Рахизфарсы районы цæрджытимæ

Коммуналон лæггæдты бæрзонд фиддонтæ, афтектæ кæй нæй бирæ хъæуты, æмæ скъолаты зæронд бæстыхæйттæ, уыдон сты стыр хыгъдæй цалдæр фарстайы

Ног азы фыццаг бонтæй республикæйы сæргълæууæг æмбæлы Рахизфарсы районы цæрджытимæ. Лыггæнинаг фарстатыл æрдзырдта Заманхъул, Зилгæ, Брут æмæ Ног Бæтæхъойыхъæуы цæрджытимæ. Коммуналон лæггæдты бæрзонд фиддонтæ, афтектæ кæй нæй бирæ хъæуты, æмæ скъолаты зæронд бæстыхæйттæ, уыдон сты стыр хыгъдæй цалдæр фарстайы. Цы уынаффæтæ рахастой, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Нæирæ.

Заманхъулы цæрджытæ хъас кодтой доны тарифтæ æгæр бæрзонд кæй сты, уымæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ сты 114 сомы.

Битарты Вячеслав профилон министрадæн æмæ районы разамындæн бахæс кодта, цæмæй нымайæн прибортæ цы хæдзæртты нæй, уым сæ сæвæрой. Хъæуы арæх къуылымпытæ вæййы доны уавæримæ. Уæлдайдæр та сæрдыгон. Ацы хъуыддагæй тынгдæр тыхсынц хъæуы уæллаг хайы цæрджытæ. Ныртæккæ куыст цæуы уавæр сраст кæныныл. Республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлдмæ æрбацыдысты Бруты цæрджытæ дæр. Хуыбаты Алан радзырдта, стыр бинонтæ йын кæй йыс, уый. Фæнды йæ хæдзар саразын, фæлæ хъæуы уæгъд зæхх нæй. Битарты Вяеслав бахаста, фæкæсынхъуаг бинонтæн æххуыс кæныны зæххыты фонд скæныны фæндон.

Бруты цæрджыты ма фæндыди, цæмæй сын сæ хъæуы сæвæрой светофор. Хъæуы уылты цæуы трассæ. Цæмæй сывæллæттæ скъоламæ бахæццæ уой, уый тыххæй сæ хъæуы тæссаг фæндаджы сæрты хизын.

Хъæуы цæрджытæ хъаст кæнынц афтек сæм кæй нæй, уымæй дæр. Хостæ балхæныны тыххæй фæцæй цæуынц Беслæнмæ. Ам та Битарты Вячеслав загъта, фельдшерон акушерон пунктты бындурыл афтектæ байгом кæнын хъæуы, зæгъгæ.

Заманхъулы æрæджы арæзт æрцыди ног спортивон зал. Фæлæ дзы цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, нырма иу секци дæр нæма скуыста.  Фæсивæд Сæргълæууæгæй ракуырдтой æххуыс, зал сифтонг кæныны тыххæй.

Фарста алыг кæнын бахæс кодтой профилон министрадæн. Уымæй уæлдай æндæр хъуыддæгтæ… Бруты Ног ахуыры аз фæзындзæни точка роста. Заманхъулы скъола та бахастой сцалцæг кæнын кæй хъæуы, уыцы ахуыргæнæндæтты хыгъдмæ.

Фембæлд уыди Ног Бæтæхъойы хъæуы цæрджытимæ дæр. Адæм разы не сты, ирон æвзаджы ахуыргæнæн чингуытæ æгæр зын кæй сты, уымæй.

Зилгæйы цæрджытæ та хъаст кæнынц æхæснадон транспорты куыстæй.

Къуылымпытæ ис дондзæуæн системæйы дæр. Хæтæлтæ хъæуы аивын.

Къудухты Надеждæ Ног Бæтæхъойыхъæуы кусы ахуыргæнæгæй. Фæндыдис æй базонын льготæты æмæ коммуналон лæггæдты фиддонтæ афоныл цæуыннæ фидынц, уый.

Фæллойы æмæ социалон рæзты министрады фæнд кæнынц ацы фиддонтæ 2020-æм азы сног кæнын. Офицаилон хайы фæстæ, алкæмæндæр фадат уыди Сæргълæууæгмæ йæхи фарста радтынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania