филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:49 воскресенье, 01 февраля 2026
01 июля 2022, 11:41
Республикæйы сæргълæууæг бузныг загъта цæгатирыстойнаг депутаттæн иумæйаг куысты тыххæй

Сергей Меняйло архайдта Парламенты 6-æм сконды кæронбæттæн æмбырды

Республикæйы сæргълæууæг бузныг загъта цæгатирыстойнаг депутаттæн иумæйаг куысты тыххæй. Сергей Меняйло архайдта Парламенты 6-æм сконды кæронбæттæн æмбырды. Куыд загъта, афтæмæй кодтой иумæйаг ахадгæ æмæ кæрæдзийы æмбаргæ куыст.

Парламенты æмбырды депутаттæ æркастысты ахсджиаг фарстатæм. Снысан кодтой, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы фæд-фæдыл 2 æмгъуыдæй фылдæр æвзарын кæй ис, ахæм закъоны проект. Бæстон ныхас кодтой, донæй æххæст кæныны къабазы иугонд регионалон оператор саразыны закъоны проектыл. Документ парламентариты размæ рахаста цæрнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Депутаттæ бафарстой, ахæм хуызы куыст монополизацимæ не рцæудзæн, стæй тарифтæ нæ фæбæрзонддæр уыдзысты, уый тыххæй. Таматы Майрæн фехъусын кодта, абон къабаз кæй ис уæззау уавæры. 23 профилон куыстуатæй сæ фылдæр сты банкротмæ хæстæг, нæ кусынц сыгъдæггæнæн системæтæ. Регионалон оператор арæзт куы æрцæуа, уæд республикæ райсдзæн федералон фæрæзтæ æмæ бирæ фарстатæ алыг кæнын бантысдзæн. Хъæлæс кæныны хатдзæгтæм гæсгæ, закъон нысангонд æрцыд дыккаг æмæ кæронбæттæн æркасты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania