филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:30 понедельник, 06 мая 2024
02 августа 2019, 15:10
Республикæйы сæргълæууæг дарддæр æмбæлы районты цæрджытимæ

Йæ фыццаг фембæлд Дыгуры районы уыд Къора-Урсдоны æмæ Хъарман-Сындзыхъæуы цæрджытимæ.

Республикæйы сæргълæууæг дарддæр æмбæлы районты цæрджытимæ. Йæ фыццаг фембæлд Дыгуры районы уыд Къора-Урсдоны æмæ Хъарман-Сындзыхъæуы цæрджытимæ. Культурæйы хæдзармæ алыхуызон фарстатимæ æрбацыд бирæ адæм. Сæ фылдæр баст уыдысты социалон æмæ коммуналон лæггæдтимæ, стæй зæххыты кадавардзинадимæ. Цы тыхсын кæны ацы хъæуты цæрджыты, æмæ сын цæмæй зæрдæ æвæры республикæйы разамынд, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Медицинæ, ахуырад, социалон æмæ коммуналон фарстатæ. Къора- Урсдоны æмæ Хъарман-Сындзыхъæуы цæрджыты дæр тыхсын кæнынц республикæйы æппæт хъæуты цы фарстатæ ис, уыдон. Афтæ адæм хъаст кодтой дон кæй нæ фаг кæны, стæй бæрзонд тарифтыл.

Махъоты Уырызмæг цæры Урсдоны. У спортсмен, архайы æмхæццæ хъæбысхæцтæй. Æрыгон нæлгоймаг республикæйы сæргълæууæгæн радзырдта, сæ хъæуы кæй нæй спортивон секцитæ æмæ фæсивæд кæм архайой, уый сын нæй.

Къорайы цæрджытæ хъаст кодтой сæ фæндаг асфальт кæй нæу. Традицимæ гæсгæ Битарты Вячеслав фембæлдмæ æрбацыд министртæ æмæ ведомствæты разамонджытимæ. Фæндæгты фарстайы фæдыл дзуапп радта Солиты Тариэль

Урсдоны скъолайы директор Айларты Оксанæ та республикæйы сæргълæууæгмæ фæсидт, цæмæй баххуыс кæна æмæ се скъолайы ногæй уа 11 къласы. Ныртæккæ дзы сывæллæттæ ахуыр кæнынц 9 къласы онг, уый фæстæ ацæуынц сыхаг хъæумæ. Ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башарина бамбарын кодта, цæмæ гæсгæ рахастой ахæм уынаффæ.

Битарты Вячеслав загъта, 11 къласы ахуырад ногæй скæндзысты æрмæст иу фиппайнагимæ, кæй дзы уыдзæн фаг скъоладзаутæ.

Бериты Алан у æнæнхъæлæджы цауты министрады раздæры кусæг, цæры Урсдоны, хъомыл кæны 4 сывæллоны æмæ йæ фарста баст уыд мадæлты республикон капиталы фиддонтимæ æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы хæйтта радих кæнынимæ.

Бирæсывæллонджын бинонтæн æххуысы тыххæй дзырдта Баситы Фатимæ дæр. Фарста йын у хорз зонгæ, уымæн æмæ у Дыгуры районы æхсæнадон организацийы уæнг æмæ йæ фæнды, цæмæй республикæйы сæргълæууæг сын баххуыс кæна сывæллæтты скъоламæ цæттæ кæнын хъуыддаджы.

Хаматы Ромик цæры Урсдоны былгæрон æмæ тыхсы цæугæдоны былтæ фидаргонд кæй не сты. Донивылдты рæстæг ахæссы хид, стæй бакæлы хæдзæрттæм. Уимæ ма хъаст кодта донвæд сыгъдæггон нæ цæуы, æмæ уый дæр хъыгдары хæстæгдæр хæдзæртты цæрджыты. Нæлгоймаджы курдиат ма уыд Алагир æмæ Црауы æхсæн фæндаг сцалцæг кæнын.

Битарты Вячеслав рахаста уынаффæ, цæмæй фæндаг слæгъз кæной æмæ йæ бахæссын 2021-æм азы бындуронæй цалцæг кæнын кæй хъæудзæн, уыцы объектты номхыгъдмæ. Адæм ма дзырдтой зæххы хæйтты тыххæй дæр. Фæнды сы хъæууон хæдзарады куыст кæнын, чысыл фермерон хæдзарæдтæ гом кæнын æмæ сæ бинонты дарын. Уæлдайдæр ацы фарста ахсджиаг у фæсивæдæн. фæлæ районы иу зæххы гæппал дæр уæгъд нæу. Битарты Вячеслав радзырдта ацы фарстайыл куыд кусдзысты.

Фарстатæ уыдысты бирæ, адæм хъаст кодтой районы рынчындоны куыстыл, ома дзы æхгæнынц хайæдтæ, специалисттæ та фаг нæ кæнынц. Фæлæ рынчындоны сæргълæууæг уимæ не сразы. Битарты Вячеслав бахæс кодта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæн уавæр равзарæн.

Фембæлды рæстæг канд лыггæнинаг фарстатыл нæ дзырдтой, фæлæ ма арфæйы ныхæстæ дæр. Цæрджытæ фæнысан кодтой сæ хъæуты цы куыст бакодтой, уый, фæлæ ма ис лыггæнинаг фарстатæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania