Адæм æрбацыдысты алыхуызон фарстатимæ, фæлæ, сæ фылдæр баст уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнынимæ
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн уыди цæрджытимæ фембæлд. Адæм æрбацыдысты алыхуызон фарстатимæ, фæлæ, сæ фылдæр баст уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнынимæ. Лыггæнинаг фарстаты хсæн – Горæтгæрон районы Хъæрмæдоны поселочы бирæфатерон хæдзары сæр аивыны хъуыддаджы баххуыс кæнын. Сергей Меняйло цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрæн бахæс кодта, районы разамындимæ сбæрæг кæнын, аргъ радтын объекты уавæрæн æмæ хъæугæ куыстытæ сæххæст кæнын. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, республикæйы сæргълæууæгмæ курдиат барвитæн ис электрон исæнуаты уылты, кæнæ писмо ныффыссын ахæм адрисмæ: Дзæуджыхъæу, Сæрибары фæз 1. Бадзурæн ис ахæм телефонтæй дæр: 53-38-66 æмæ 54-66-78.




