филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:37 воскресенье, 01 февраля 2026
14 июля 2023, 11:47
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд, Цæгат Ирыстоны туристон территориты райрæзты мастер-пълан царды рауадзыны тыххæй æмбырд

Куыд фæнысан кодта, афтæмæй документыл бакуыстой Президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд, Цæгат Ирыстоны туристон территориты райрæзты мастер-пълан царды рауадзыны тыххæй æмбырд. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй документыл бакуыстой Президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ. Ацы хъуыддаг республикæйы туризмы æмвæзад хъуамæ сиса бæрзонд æмвæзадмæ. Мастер-пъланы презентаци хорзыл банымадтой Санкт-Петербурджы æппæтадæмон экономикон форумы. Документы амынд ис бирæ ахадгæ, хорз фидæн кæмæ æнхъæлмæ кæсы, ахæм проекттæ. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы ног, нырыккон санаторон-курортон комплекс саразын. Дæргъæвсы интерактивон музей, арт-тыгъдад кæм уыдзæн, ахæм фæлладуадзæн центр æмæ Фæсналы фысымуаты арæзтад. Уымæй уæлдай, Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæй гыццыл æддæдæр туристтæн фæнд кæнынц сæрмагонд фæлладуадзæн бынæттæ равæрын. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ та Сергей Меняйло бахæс кодта мастер-пълан царды рауадзынæн  фæндаггон картæйыл бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania