Финалисттæй иу сси сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Дулаты Артур
Республикæйы сбæрæг кодтой программæ «Ирыстоны Намысы» финалистты. Йæ сæйраг нысан у – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй фæлтæрдджын разамонджыты цæттæ кæнын, цæмæй уый фæстæ кусой паддзахадон хицаудзинады оргæнты æмæ бынæттон хиуынаффæйады. Финалисттæй иу сси сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Дулаты Артур. Ацыд программæйы æппæт къæпхæнтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Дулаты Артур æрвылбон цардыл сындæггай ахуыр кæны. Сабырдзинады проспекты тезгъо, дзæуджыхъæуккаг къофи æмæ уарзон хæхтæ – алы æхсæв дæр сæ йæ фыны уыдта. Уым цыма диссагæй ницы ис, фæлæ æрмæст хæстон ордентæ æмæ майдантæ кæй риуыл фæлгæсынц, уымæн нæ. Батальон «Шторм Осетия»-йы рæнхъытæй Дулаты Артур рацыд афæдз æмæ рдæджы размæ уæззау цæфы фæстæ, фæлæ йæ хъуыдытæ æдзух баст сты йæ хæлæрттимæ сæрмагонд операцийы зонæйы. Йæхæдæг уырдæм бахауд бархионты хыгъды 2022-æм азы сæрды.
Науы сæйраг старшина æмæ взводы командæгæнæг – ацы бынатмæ йæ снысан кодтой йæ хæлæрттæ, куыд æппæтæй фæлтæрдджындæр хæстоны. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы æппæтæй уæззаудæр бынæтты йæ фæстæ кодта йæ отряд, знагæн позицитæ нæ лæвæрдта, афтæмæй. Дулаты Артуры лæгдзинадæн æвдисæн сты йæ хæрзиуджытæ. Æхсардзинады тыххæй æмæ Суворовы майдантæ, 4-æм къæпхæны Георгийы Дзуар – уый йын лæвæрд æрцыд Запорожьейы облæсть хъахъхъæныны тыххæй.
Уый фæстæ та уыд уæззау цæф æмæ цардыл тох. Схъистæ йæ зæрдæйы, рæуæджы, сæры… Уæддæр хæдзармæ æрыздæхгæйæ Дулаты Артурæн йæ бон æнæ куыстæй бадын не сси. Куыд зæгъы, афтæмæй хуымæтæг царды Фыдыбæстæйæн службæ кæнынæн æм хъарутæ фаг ис. Уымæ гæсгæ республикон программæ «Ирыстоны Намыс»-ы тыххæй куы базыдта, уæд дзы сфæнд кодта бацархайын.
Дулаты Артуры курдиат равзæрстой 385 архайæгæй. Уыдон регистраци скодтой райдиан къæпхæны. Артур ацыд кандидаты æвзæрст, онлай-тестытæ, уый фæстæ та ныхас. Æмæ ныр финалистты хыгъды æнхъæлмæ кæсы ахуырмæ. Райдайдзæн 20-æм августы. Куыд зæгъы, афтæмæй цæттæ у ног зоныныдзинæдтæ исынмæ фидæны ахуыргæнджытæй, йæ хъæздыг хæстон æмæ царды фæлтæрддзинад та йын баххуыс кæндзæн хорз бæрæггæнæнтæ райсынæн. Йæ сæйраг нысан у – республикæйæн пайда æрхæссын.
Артур бирæ дзурын нæ уарзы, пайда хъуыддагæй хæссыныл ахуыр у. Æфсармджын, фæлæ ныфсхаст, уæлдайдæр та, йæ бон баххуыс кæнын кæй у, уый куы зона, уæд. Сæрмагондæй ахæм хъæппæрисджын адæмæн нысангонд уыд проект «Ирыстоны Намыс». Паддзахадон службæйæн, муниципалитеттæн, æхсæнадон организацитæн æмæ бизнесæн профессионалон кадртæ цæттæ кæныны регионалон программæ у федералон программæ «Время героев»-ы аналог. Разæй финалисттæм æнхъæлмæ кæсы ахуырадон программæ. Бакуыстой йыл Уæрæсейы президенты цур адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы паддзахадон управленийы бæрзонддæр скъолайы специалисттимæ. Ахæсдзæн майы кæронмæ.




