филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:46 понедельник, 06 мая 2024
22 июля 2019, 17:05
Республикæйы скъолаты цалцæг æмæ ног æхсæнадон транспорт

Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фасртатыл ныхас цыд министрты æнæрадон æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз.

Республикæйы скъолаты цалцæг æмæ ног æхсæнадон транспорт. Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фасртатыл ныхас цыд министрты æнæрадон æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз.
Фыццаджыдæр йе ргом аздæхта, цæмæй бынæттон хиуынаффæйады сæргълæуджытæ афоныл æмæ хъомысджынæй спайда кæной, национ проекттæ цы фæрæзтæ радих кодтой, уыдонæй. Сæ иумæйаг нымæц у 6 миллиарды æмæ 47 милуан сомы. Уыдонæй 5 миллиарды æмæ 98 милуан сомы сты Федералон фæрæзтæ. Иннæтæ та ист цæуынц республикæйæ. Августы кæронмæ фæуын хъæуы кæртыты æмæ æхсæнадон бынæтты фæлгонц. Бирæ фæрæзтæ бахъæудзæн Хетæгкаты Къостайы номыл культурон парчы рацарæзтæн. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй ам хъуамæ куыстытæ фæуой 2019-æм азы 1-æм декабрьмæ. Æмбырды ма республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз загъта, кæй хъæуы транспортон куыстуæтты архайд сбæрæг кæнын. Баивын транспорты иуæгтæ. Спайда кæнын федералон æххуысæй, стæй лизингæй.
Районты сæргълæуджытæ ма радзырдтой 2020-æм азмæ скъолаты цалцæгæн арæзт кæй æрцыдысты сметæтæ. Федералон центрмæ афойнадыл гæххæттытæ цæттæ куы уой, æмæ паддзахадон экспертизæ куы ацæуой, уæд Дзæуджыхъæуы сцалцæг кæндзысты 16 скъолайы, Рахизфарсы районы 7, Мæздæджы, Горæтгæрон æмæ Алагиры районты та фæйнæ 6 скъолайы. 4 скъолайы сцалцæг кæндзысты Æрыдоны. Дыгуыры, Æрæфы æмæ Кировы районты та 3-гай скъолатæ.
Æрдзырдтой цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты цæттæдзинадыл зымæгмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania