филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:08 понедельник, 15 декабря 2025
16 ноября 2024, 13:48
Республикæйы тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындоны байгом травматологийы æмæ ортопедийы дыккаг хайад

Уым рынчынтæн кæнынц бæрзонд технологон медицинон æххуыс, бæлвырддæр зæгъгæйæ та – зæнгтæн æмæ уæрджытæн æвæрынц протезтæ

Республикæйы тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындоны байгом травматологийы æмæ ортопедийы дыккаг хайад. Уым рынчынтæн кæнынц бæрзонд технологон медицинон æххуыс, бæлвырддæр зæгъгæйæ та – зæнгтæн æмæ уæрджытæн æвæрынц протезтæ. Хайад куы байгом, уæдæй нырмæ  ахæм операцитæ скодтой – 150. Се *ппæт дæр ацыдысты æнæ зындзинæдтæй. Рынчындоны разамынд кусы ацы къабазы райрæзтыл. Дохтырты фыццаг къорд ног азы райдианæй ахуыр кæнынмæ ацæудзæн бæстæйы раззагдæр медицинон центртæм. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

15 азы дæргъы Джиоты Эльзæ тыхсти йæ рахиз къахы рыстæй. Баххуыс ын кодтой республикæйы тагъд медицинон æххуыссы клиникон рынчындоны траматологийы æмæ ортопедийы хайады. Сылгоймагæн сæвæрдтой протез йæ рахиз зæнгыл. Операцийы фæстæ дыккаг бон райдыдта Эльзæ фыццаг къахдзæфтæ кæнын æнæ рыст æнкъаргæйæ. Йæ дохтыр Амаль Римихановы ныхæстæм гæсгæ, рынчынты афтæ тагъд сæ къæхтыл цæуын кæнын у сæйраг мадзал се *нæниздзинад фидар кæныны хъуыддаджы.

Травматологийы æмæ ортопедийы дыккаг хайад рынчындоны байгом 2023 азы кæрон. Уæдæй нырмæ дохтыртæ скодтой 260 операцийæ фылдæр.  Æвæрынц зæнгты æмæ уæрджыты протезтæ. Ног бæрзонд технологон медицинон æххуысы рæзтыл кусы хайады сæргълæууæг Дзабиаты Алан. Уый сæ къæхтыл сæвæрдта сæдæгай адæмы. Фидæнмæ йæ размæ æвæры нысантæ –  уæхсчытæ æмæ уæрджытæ нырыккон медицинон методтæй дзæбæх кæнын, хайад дарддæр дæр хъæугæ фæрæзтæй ифтонг кæнын  æмæ йын йæ медицинон кусджыты нымæц фæфылдæр кæнын.

Хайады медицинон кусджыты бирæ не сты, фæлæ алы дохтырæн дæр ис сызгъæрин къухтæ. Кæд  бындурон зонындзинæдты хицау сты, уæддæр дарддæр дæр фæнд кæнынц  Уæрæсейы раззагдæр травматологон центрты ахуыр кæнын. Ныридæгæн конд у,  медицинон æххуысы нырыккон методтыл бæстæйы кæцы горæтты ахуыр кæндзысты, уыцы хыгъд. Фыццаг бынат дзы ахсы Хъазан.

Травматологи медицинæйы къабазы у, тагъд чи рæзы, ахæм хай. Цæгатирыстойнаг дохтыртæн сæ дæсныйад федералонтæй дæлдæр нæу. Уый фæбæрæг кодта тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындоны сæйраг дохтыры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Наниты Аскер. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хайады куыст фидæны дæр хъуамæ æвæрд уа бæрзонд æмвæзадыл, операциты нымæц та фылдæр кæна.

Рынчынтæ хайадмæ æрбахауынц бынæттон поликлиникæты фыстмæ гæсгæ. Ныр ам сæхи дзæбæх кæнынц 11 адæймаджы. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, афæдзы кæронмæ фæнд кæнынц 60 рынчынæн медицинон æххуыс бакæнын. Ныр рыст быхсын æмæ мæйгæйттæ радмæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы, ныфс дæттынц дохтыртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania