филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:16 четверг, 28 марта 2024
30 ноября 2021, 14:22
Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы æппæт объекттæ хъармгæнæн сезонмæ сты цæттæ

Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Таматы Майрæн

Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы æппæт объекттæ хъармгæнæн сезонмæ сты цæттæ. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Таматы Майрæн. Хъармгæнæнтæ эксплуатацимæ цæттæ сты 100%. Æппæт бирæуæладзыгон хæдзæрттæ райстой цæттæдзинады паспорттæ. Ныхас ма цыд ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, культурæйы æмæ спорты объекттыл. Æдæппæтæй сты 152 уагдоны. Фидаргонд ма æрцыдысты энергетикæйы объектты цæттæдзинады мадзæлттæ. Таматы Майрæн ацы къабаз схуыдта æппæтæй ахсджиагдæр. Профилон ведомствойы разамонæг ма бафиппайдта, зымæгмæ цæттæ кæй у «СпецЭкоСервисы» сæрмагонд техникæ дæр. Коммуналон структурæйы ис цæхх æмæ змисимæ хæццæйы мин æмæ рдæг тоннæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania