филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:18 пятница, 18 октября 2024
29 августа 2024, 11:49
Республикæйы цæттæ кæнынц 7-æм æмæ 8-æм сентябры æвзæрстытæм

Æвзарæн къамисты уæнгтæ райдыдтой кусын хъæлæс кæнынæн агъуыстыты

Республикæйы цæттæ кæнынц 7-æм æмæ 8-æм сентябры æвзæрстытæм. Æвзарæн къамисты уæнгтæ райдыдтой кусын хъæлæс кæнынæн агъуыстыты. Ахадгæ куыст цæуы адæмимæ дæр. Дзурынц сын æвзæрстыты, кæд æмæ куыд схъæлæс кæнын уыдзæн, уый тыххæй. Мыхуыргонд фесты бюллетеньтæ дæр. Хæстæгдæр рæстæг сæ байуардзысты территориалон æвзарæн къамистыл. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Типографийы куыст йæ тæмæны, станоктæ иу минут дæр не *рлæууынц. 3 бонмæ хъæуы ныммыхуыр кæнын 240 мин æвзарæн бюллетенæй фылдæр. Алцыдæр, цæмæй Цæгат Ирыстоны алы цæрæгæн дæр уа, республикæйы бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æвзæрстыты йæ хъæлæс радтыны фадат.

Мыхуыр у стыр куысты райдиан. Æппæт тираж куы сцæттæ уа, уый фæстæ упаковкæгонд бюллетеньтæ арвитдзысты æвзарæн къамисмæ, уым та сæ байуардзысты территориалон дæлхайæдтыл. Бланктæ дих кæнынц хъæлæсгæнджыты бæрц хынгцæйæ. Æвзæрстыты агъоммæ та документтæ бахæццæ кæндзысты хайæдтæм.

Бюллетеньтæ дардзысты сейфы хъахъхъæнджыты æмæ видеокамерæты цæстдарды бын. Хъахъхъæд сты типографион хуызы дæр. Æппæт бланктыл ис кæрдæгхуыз сæрмагонд хыз – йæ хуызырдыгæй фарсыл хъæлæстæ къухæй нымайынæн æмæ йæ иннæ фарсыл та æвзарæн бюллетеньтæ бæлвырдгæнæн комплексы фæрцы хъæлæс кæнынæн.

Абон бюллетеньты æппæт тираж лæвæрд æрцæудзæн территориалон æвзарæн къамистæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania