филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:10 среда, 17 декабря 2025
13 июня 2024, 11:58
Республикæйы цалдæр боны размæ райдыдта найæн сезон

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ адæмы зæрдыл лæууын кæнынц, доны хи дарыны æгъдæуттæ æххæст кæнын ахсджиаг кæй у

Республикæйы цалдæр боны размæ райдыдта найæн сезон. Рацарæзты фæстæ байгом Дзæуджыхъæуы доны станцæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ адæмы зæрдыл лæууын кæнынц, доны хи дарыны æгъдæуттæ æххæст кæнын ахсджиаг кæй у. Ведомствæйы ма куыд зæгъынц, афтæмæй хи найын ис, æрмæст уымæн цы объекттæ нысангонд ис, уыдоны. Республикæйы сты 8. Иннæ бынæтты хи найын не мбæлы. Гæнæн ис æмæ уый æвзæр фæстиуджытæм расайа. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты амындтытæ доны объекттыл æдасдзинады æгъдæутты фæдыл. Республикæйы тæвд бонтæ ракодта, уыимæ та райдыдта найæн сезон. Сывæллæттæ зæрдиагæй сæхи ирхæфсынц доны, хистæртæ сæхи хурмæ тавынц. Фæлæ цæмæй фæлладуадзæн рæстæг æвзæр фæстиуджытæм ма расайа, уый тыххæй хъæуы специалистты амындтытæ æххæст кæнын.

Октябрьскæйы доны станцæйы найæн сезон райдыдта 10-æм июны. Ам рад хæссынц ирвæзынгæнджытæ, ленк кæнын тæссаг кæм у, уыцы бынæтты æвæрд ис сæрмагонд нысантæ æмæ доны хи дарыны æгъдæуттимæ информацион табличкæтæ. Адæм цады æмбырд кæнын райдайынц сæумæрайсомæй. Бынæттон цæрджытæ хъусынц кæнынц сæ фиппаинæгтæ дæр. Зæгъæм, сабитæн змисæй пляж кæй нæй, уый. Скъоладзаутæ та æнæмæтæй æрвитынц ам сæ рæстæг.

Æдæппæтæй республикæйы, найынæн нысангонд ис 8 объекты – 3 – Дзæуджыхъæуы, 3 – Мæздæджы районы, иу Октябрьскæйы æмæ ма иу Майрæмæдаджы. Æрмæст уыцы цадты æххæстгонд сты æдасдзинады домæнтæ. Дзæуджыхъæуы ноггонд доны станцæйæн цæрджытæ æрæджы скодтой аргъ. Сабитæн ам скодтой змисæй чысыл пляж, хистæртæн та цады иннæ фарс – сæрмагонд фæлладуадзæн бынæттæ. Ныртæккæ кусынц 6 ирвæзынгæнæджы, фæндты ис сæ нымæц сын фæфылдæр кæнын.

Цады алыварс территоримæ базылдысты, фæзынд ног плиткæ, бандæттæ, бырутæ. Раздæр ленкгæнджытæ донмæ цы дамбæйæ хызтысты, уырдыгæй ныр гæпп кæныны бар нæй. Уымæн фæзынд сæрмагонд бынæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania