филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:28 суббота, 31 января 2026
07 октября 2025, 10:33
Республикæйы центрон хъармгæнæны объекттæ фæззыгон-зымæгон сезонмæ æххæстæй сты цæттæ

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур

Республикæйы центрон хъармгæнæны объекттæ фæззыгон-зымæгон сезонмæ æххæстæй сты цæттæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Фæлæ, уый хыгъд, куыд фæнысан кодта, афтæмæй цæттæдзинады акттæ се ппæт муниципалон скондтæ нæ райстой. Документтæ радтой Æрыдоны, Горæтгæрон, Алагиры, Мæздæджы, Дыгуры æмæ Æрæфы районтæн. Дзæуджыхъæу 1300 бирæфатерон хæдзарæй цæттæдзинады паспорттæ райстой 762 хæдзары. Ведомствæйы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй, горæты се ппæт разамынддæттæг кампанитæ нæ сæххæст кодтой æппæт домæнтæ. Дзанайты Барис бахæс кодта, фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ кæныны фарстатыл æххæстæй бакусын, паспорттæ хъуамæ уа се ппæт бирæфатерон хæдзæрттæм дæр. Æмбырды ныхас цыди республикæйы эпидемиологон уавæрыл дæр. Ивгъуыд къуыри дохтыртæм æххуысагур æрбацыди фылдæр адæм. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй ахуыргæнæндæтты рынчынты нымæц гыццыл фæфылдæр. Аппаратон æмбырды иннæ фарста – национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзын. Хицауады сæрдар йе ргом аздæхта, цæмæй ацы аз цы инфраструктурæйы объекттæ хъуамæ радтой эксплуатацийы, уыдон ма бакъуылымпы уой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania