Йæ архайджытæ систы Цæгат Ирыстоны, Мæскуыйы, Кæсæг-Балхъары, Адыгейы, Стъараполы крайы, Цæцæны æмæ Дагестаны республикæты минæвæрттæ. Конференцийы æрныхас кодтой æнæхъæн Цæгат Кавказ йæхиуыл кæй бавзæрста, уыцы хæстон цаутыл. Алчидæр радзырдта иумæйаг уæлахизмæ йæ адæм цы вæрæн бахастой, уый тыххæй. 80 азы размæ фесты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы æппæтæй карздæр цаутæ – Кавказыл тох. Ахаста 442 боны. Историон цаутыл афæлгæсты архайдтой медицинон колледжы æмæ æфсæнвæндаджы техникумы студенттæ, стæй æвзонг æфсæддонты фæсивæдон организацийы уæнгтæ. Ветеранты Советы ахæм форматы фембæлд цæуы ныр дыккаг хатт. Сæрды та дзы фæсивæдимæ æрныхас кодтой Курскы тохы лыстæг хъуыддæгтыл. Ам ма бацæттæ кодтой равдыст дæр, йæ бындуры сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст архивон документтæ.




