филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:48 вторник, 16 декабря 2025
09 декабря 2020, 11:19
Республикон фазандон æрвылаз æрдзмæ рауадзы сæдæгай маргъы

Фæлæ уый размæ хъуамæ сæ къæхтыл фидар слæууой

Кæддæр Ирыстоны стæмыл цы маргъ нымад уыд, уый ныртæккæ парахат кæны. Республикон фазандон æрвылаз æрдзмæ рауадзы сæдæгай маргъы. Фæлæ уый размæ хъуамæ сæ къæхтыл фидар слæууой. Æрдзы фидауцмæ куыд зилынц, уый тыхххæй радзурдзæн Гаглойты Светланæ.

Чысыл фазаны лæппын тавы йæхи хъазæн хуры тынтæм. Ныридæгæн уал ын цæттæ хæринæг тæбæгъыл æрбахæссынц, уый хыгъд йæ хистæр æмбæлттæ сабыргай æмхиц кæнынц хойраг хибарæй агурыныл. Цæмæй сæ царды уавæртæ æрдзонтимæ æнгæсæндæр уой, уый тыххæй фадзандарæны байтауанц нартхоры хуымтæ.

Фазантæ дон бирæ кæй уарзын, уый хынцгæйæ сын сæ бынат дæр равзæрстой Бехъаны цадмæ ввахс. Ам вæййынц дыууæ азы бæрц, уый фæстæ сæ æрдзмæ рауадзынц.

Ирыстоны фазан у стæм маргъ. Нæ республикæмæ сæ æрбаластой æхсай азы размæ, фæлæ сæ, нæ цинæн, бахъахъхъæнын нæ бон баци.

Дыууынæм æнусы кæрон браконьерты аххосæй ацы маргъы хуыз нæ республикæйы цагъд æрцыд. Цæмæй фæстæмæ сбирæ ой, уый тыххæй æвзæрст æрцыдысты мæнæ ацы æнахуыр уавæртæ æмæ рæстмæ кæнынц. Фазанты ардæм ласынц Ростовы æмæ Астраханы облæсттæй. Ныридæгæн фазандарæны ис фæндзай цъиумæ ввахс. Фæлæ сæрдмæ сæ нымæц хъуамæ фæфылдæр уа.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania