филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:12 пятница, 17 мая 2024
02 мая 2024, 11:40
Республикон физикон-математикон лицей-интернаты ахуырдзаутæ зарæг «Катюша» азарыдысты 9 æвзагыл

Ацы хъуыддаг сæххæст кодтой инсценировкæгонд зарæджы фестивальмæ цæттæгæнгæйæ

Се *ппæтæн зонгæ æмæ уарзон зарæг «Катюша». Уæлахизы æцæг символ. Республикон физикон-математикон лицей-интернаты ахуырдзаутæ йæ азарыдысты 9 æвзагыл. Ацы хъуыддаг сæххæст кодтой инсценировкæгонд зарæджы фестивальмæ цæттæгæнгæйæ. Цавæр зындзинæдтимæ сæмбæлдысты сывæллæттæ, стæй зарæджы историйы тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Иу зарæг, иу мидис, иу истори – фараст æвзагыл. Фæлæ куыдфæнды дæр куы зæла, уæддæр зарæг «Катюша» алкæмæндæр у æмбаргæ. Уымæн æмæ бирæ азтæм сси се*ппæтæн дæр уарзон. Æвзонг физиктæн æмæ математиктæн легендарон уацмыс ныр сæ бон у азарын æрмæст уырыссаг æвзагыл нæ. Уый къухы бафтыд инсценировкæгонд зарæджы фестивалы фæрцы. Сывæллæттæ йæм цымыдисаг хуызы бацæттæ кодтой. 

Æрлæууыдысты Уæрæсейы адæмы хæттыты æвзæгтыл. Се *ппæтæн зонгæ уырыссаг, мадæлон ирон, цымыдисаг кæсгон, чувашаг, тувинаг æвзæгтæ… Цæмæй ма фæрæдыйой, æмæ алы дзырд дæр раст зæгъой, уый тыххæй бахъуыд сыхаг регионты æххуыс.

Сывæллæттæ фыццаг зарæг ахуыр кодтой фæсурокты, уый фæстæ та физминуткæты дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй зындзинæдтæ нæ уыд. Зарæджы текстытæ иннæ æвзæгтыл сахуыр кæнын æмæ семæ кусын æнцон уыд. Ацы хъуыддаг æххæст кодтой, сæ хæстæджытæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, æмæ абон Райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæны, уыдоныл  хъуыдыгæнгæйæ.

Зарæг «Катюша» у Уæлахизы æцæг символ. Советон адæмы къухы цы Уæлахиз бафтыд, уый. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты зындгонд мотив æмæ уарзон рæнхъытæ цыма хæстонæн тыхтæ лæвæрдтой, разæнгард сæ кодтой размæ бырсынмæ, кæй уарзтой æмæ сын зынаргъ чи уыд, уыдоны сæрвæлтау. Зарæг «Катюша» райгуырд нырма хæсты размæ, 1938-æм азы. Райдыдта, поэт Михаил Исаковский цы 4 рæнхъы ныффыста, уыдонæй. Уый фæстæ куыст æнæнхъæлæджы æрлæууыд.

Мелоди æнцонæй ныффыссын нæ бантыст, фæлæ уæддæр рауад – Блантеры йæ цавæрæй фехъусын фæндыд, ахæм. Иннæ къахдзæф уыд сюжет равзарын. Æмæ ам сæрмагонд бынат бацахста дунейы цы тыхст уавæр уыд, уый.  Бæстæйы хъуыд, ныфс чи лæвæрдтаид, ахæм ног сурæт.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты «Катюша» зарыдысты, фронты чи тох кодта, уыцы салдæттæ дæр, æмæ сæм фæсчъылдым чи æнхъæлмæ каст, уыдон дæр. Зарæг æрмæст Уæрæсейы нæ баззад, апарахат æппæт дунейыл.

Цас фæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр «Катюша»-йы нæ рох кæнынц. Раздæрау, хъарм æмæ ахæм хъæугæ «саламимæ» хæццæ кæны фронтмæ хæстонтæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania