филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 среда, 25 ноября 2026
25 ноября 2026, 10:31
Республикон газет «Дигорæ» азты дæргъы хæссы адæммæ æвзаджы рæсугъддзинад æмæ рæстæджы цыды хабæрттæ

Кæд ныры онг газет йæ кæсæгыл æмбæлд мæй æртæ хатты, уæд ныр та ног фæткмæ гæсгæ алы къуыри дæр

Мадæлон дзырды фарн хъахъхъæнджытæ сты мыхыуыры фæрæзтæ. Ныртæккæ та æнхъæлмæ кæсынц сæ рафысджыты фарсхæстмæ. Республикон газет «Дигорæ» азты дæргъы хæссы адæммæ æвзаджы рæсугъддзинад æмæ рæстæджы цыды хабæрттæ. Кæд ныры онг газет йæ кæсæгыл æмбæлд мæй æртæ хатты, уæд ныр та ног фæткмæ гæсгæ алы къуыри дæр. Бæстондæр  Сосранты Жаннæйы сюжеты.

ЛайфДыгурон дзырды фарн хъахъхъæнæг – афтæ схонæн ис газет «Дигорæ». Азты дæргъы хæссы адæммæ æвзаджы рæсугъддзинад æмæ рæстæджы цыды хабæрттæ. Кæд ныры онг газет йæ кæсæгыл æмбæлд мæй æртæ хатты, уæд сæм ныр та цымыдисаг æрмæджытæ хæццæ кæнынц алы дыццаджы дæр.

Газеты коллектив кæд стыр нæу, уæддæр алы номеры мидисыл дæр бацархайынц зæрдиагæй. Бамбырд дзы кæнынц æрмæст къуырийы хабæрттæ нæ, фæлæ ма ахæм æрмæджытæ, кæцытæ бакæсгæйæ дзы æмбæлы, дæ зондахаст фæфылдæр кæнын, историимæ баст хъуыддæгтæ базонынНыртæккæ «Дигорæ»-йы тираж бæллиццаг нæу, æмæ уымæ гæсгæ та йе сфæлдыстадон къорд тыхсы, сæ архайд бирæтæн зындгонд кæй нæ уыдзæн, уымæй. Номерты фæрстыл рахæццæ вæййынц, æппæт хъæуты цæрджытæн дæр пайдайаг чи уыдзæн, ахæм æрмæджытæ мыхуыр кæныныл.Ис сын ахæм хæлæттæ дæр ,кæцытæ бирæ азты Дигорæйыл стыр зæрдæ нæ кæнынц. Сæ иу Цæрикъаты –Хуадонты Нинæ.

Ацы мадæлон æвзагыл цæуæг мыхуыры фæрæз байгом кæныныл, йæ рæстæджы стыр куыст бакодтой, уæды куырыхон хистæртæ. Сæ нысан уыд дыгурон ныхас фæлтæртæм чи хæсса, ахæм хъуыддаг саразын. Æмæ сæ ныфс бадардтой газет «Дигорæ»-йыл. Ныр йæ дарддæры хъысмæт дæр аразгæ у адæмæй, йæ кæсджытæй. Æмæ редакцийы кусджытæ курæг сты, феххуыс сын кæнын газзетæн фидæн куыд уа, уыцы хъуыддаджы. Йæ хос та у — ма ферох кæнын иу хаттæй иннæмæ, «Дигорæ» рафыссын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania