филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:16 воскресенье, 01 февраля 2026
22 декабря 2021, 12:54
Республикон газеттæ æмæ журналтæн фæзынд фылдæр амæлттæ сæ куыст адæмы размæ хæссынæн

Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты хъæппæрисæй сын гом æрцыд, подкастттæ кæй хонынц, уыдон исынæн сæрмагонд бынæттæ

Республикон газеттæ æмæ журналтæн фæзынд фылдæр амæлттæ сæ куыст адæмы размæ хæссынæн. Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты хъæппæрисæй сын гом æрцыд, подкастттæ кæй хонынц, уыдон исынæн сæрмагонд бынæттæ. Æнæмæнг сыл цин кæнынц сæ коллективтæ. Сæ куыстимæ сын базонгæ Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны мыхуыры фæрæзтæ  уæндон къахдзæфтæ кæнынц, нырыккон гæнæнтæй пайда кæныны хъуыддаджы. Фæстаг рæстæг та ма мыхуыры æмæ дзыллон фæрæзты комитеты фæрцы сын арæзт æрцыд сæрмагонд бынæттæ. Йæ фæрцы сæ бон уыдзæн  сæ куыст видеоæрмæджытæй дæр хъæздыгдæр кæнын. Кæд литературон журнал «Ирæф»-ы уыцы куыстмæ практикон æгъдауæй нæма бавналдтой, уæд сывæллæтты журнал «Ногдзау» та йæхи фæлтæрдджынæй æвдисы уыцы куысты дæр. Сæ подкасттæй иуы уазæг уыдтæн æз дæр.

Уæвгæ сæ ахæм лæварыл цин кæнынц сæ юбилейон аз журнал «Ирæф»-ы коллектив дæр.  30 азы размæ хъуыды дæр нæ кодтой Паддзахады æмвæзады сын ахæм райдзаст, зæрдæмæдзæугæ уавæртæ арæзт æрцæудзæн, ууыл.  Ныр зæрдиагæй Ирыстоны цæрджытыл  афæдзмæ цыппар хатты хæццæ кæны республикæйы базджындæр журнал. Æрмæджытæ та дзы бакæсæн ис иронау æмæ дыгуронау.

Журналы коллектив архайы фысджыты кæстæр фæлтæр дæр сæхимæ æмхиц кæныныл.

Журнал «Ирæф» йæ юбилейон аз кæд уæрæх мадзалæй не сбæрæг кодта, уæддæр йæ алы номыры дæр бæрæг уыд йæ 30 азы куысты мидис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania