филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:14 среда, 17 декабря 2025
29 января 2014, 11:18
Республикон стадион «Спартачы» уыд Олимпаг арт хæссыны репетиции

Репетицийы рæстæг куыд снысан кодтой, афтæмæй артхæсджытæ згъоргæ нæ кæндзысты, фæлæ цæугæ, уымæн æмæ дзы алкæмæн дæр лæвæрд цæуы æрмæстдæр 50 метры.

Республикон стадион «Спартачы» уыд Олимпаг арт хæссыны репетиции
Репетицийы рæстæг куыд снысан кодтой, афтæмæй артхæсджытæ згъоргæ нæ кæндзысты, фæлæ цæугæ, уымæн æмæ дзы алкæмæн дæр лæвæрд цæуы æрмæстдæр 50 метры. Репетицийы рæстæг сбæлвырд кодтой, чи цы куыст кæндзæн, уый. Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей дзы алы структурæты разамонджытимæ сарæзта кусæг æмбырдтæ. Техникон æмæ медиа службæтæ,стæй бæрæгбоны цы сфæлдыстадон коллективтæ архайдзæн, уыдон иууылдæр сты цæттæ. Олимпаг арт хæдтæхæгыл сласдзысты Беслæнмæ. Уырдыгæй йæ вертолетæй сæмбæлын кæндзысты Дзæуджыхъæумæ. Арт хæсдзысты 21 адæймаджы. Бар сын ратдзæн Андиаты Сослан. Уый фæстæ райдайдзæн эстафетæ. Кæронбæттæны Олимпаг хъæзтыты 3 хатты чемпион Таймазты Артур згъоргæйæ æрзилдзæн стадионы алыварс.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania