филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:54 вторник, 16 декабря 2025
05 февраля 2013, 17:16
Республикон стадион «Спартак»-ы нал уаддзысты тамако дымын

Республикон стадион «Спартак»-ы нал уаддзысты тамако дымын. Уыцы хъуыддаг нырма офицалон æгъдауæй фидаргонд нæма у, фæлæ йæ сфæнд кодтой футболуарзджытæ æмæ футболон клуб «Алани»-йы разамынд.

Республикон стадион «Спартак»-ы нал уаддзысты тамако дымын. Уыцы хъуыддаг нырма офицалон æгъдауæй фидаргонд нæма у, фæлæ йæ сфæнд кодтой футболуарзджытæ æмæ футболон клуб «Алани»-йы разамынд.

Журналисттæ æмæ клубы кусджытæ сæмбырд сты стадионы, æмæ æрныхас кодтой, хицæн футболуарзджытæ сæхи æвзæр кæй фæдарынц, ууыл. Тамако дымын мауал уадзыны фæндон бахаста газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Александр Торин. Куыд загъта, афтæмæй футболон матчтæ æмæ спортивон репортажтæ адæмы хсæн парахат кæнынц æнæниз царды уаг. Тамако дымын та уыцы хъуыддагмæ хæстæгдæр нæ лæууы.

Футболуарзджыты фæнды акци скæнын дæр. Хуыздæр фæндон чи бахæсса, уыдонæн баххуыс кæндзæн клубы разамынд.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania