филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:28 воскресенье, 01 февраля 2026
01 июня 2023, 11:49
Реуазты Данæ цæттæ кæны конкурс «Живая классика»-йы суперфиналмæ

Ацæудзæн Мæскуыйы Сырх фæзы

Поэзимæ æмæ актеры дæсныйадмæ уарзондзинад. Дзæуджыхъæуы 7-æм гиназы 5-æм къласы ахуырдзау Реуазты Данæ сси æпæтуæрæсеон конкурс «Живая классика»-йы суперфиналисткæ. Чызг куыд зæгъы, афтæмæй йæм поэзимæ уарзондзинад фæзынд йæ фыды руаджы. Ныридæгæн йæхи цæттæ кæны конкурсы суперфиналмæ. Ацæудзæн Мæскуыйы Сырх фæзы. Цавæр æнкъарæнтæ фæзынд Данæмæ конкурсы рæстæг, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Реуазты Данæ цы литературон уацмыстæ бакæсы, уыдон банкъарынц æмæ æхсызгондзинад æрхæссынц канд аивадуарзджытæн нæ, фæлæ уыцы хъуыддагмæ хæстæг чи нæ лæууы, уыдонæн дæр.  Ивгъуыд мæй Данæ уыд æппæтуæрæсеон конкурс «Живая классика»-йы  5 суперфиналисты хыгъды.

Ныридæгæн Данæ йæхи цæттæ кæны æппæтдунеон суперфиналмæ. Ацæудзæн Мæскуыйы Сырх фæзы. Уæдæ скъолайы дæр чызг йæхи вдисы иттæг хорз. Ахуыр кæны Дзæуджыхъæуы 7-æм гимназы. Литературæимæ арæхстджынæй бæтты æндæр наукæтæ дæр.

Поэзимæ æмæ актеры дæсныйадмæ уарзондзинад Данæмæ фæзынд йæ фыды руаджы. Уымæн æмæ 4 азæй нырмæ хъуыста, йæ фыд æмдзæвгæтæ куыд каст, уый.

Уæдæ Данæ у æндæр конкурсты уæлахиздзау дæр. Зæгъæм, майы кæрон рамбылдта конкурс «Афæдзы ахуырдзау» номинаци «Скъоладзауты хсæн хуыздæр ахуырдзау»-ы. Финалы архайдтой республикæйы æппæт скъолаты 60 минæвары. 5-æм къласы ахуырдзау Данæ йæ цард цы дæсныйадимæ сбæтдзæн, уый ныридæгæн зоны.

Реуазты Данæ куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у ног бæрзæндтæм ныфсхастæй цæуын. Йе мгæрттæн уый вдисы йæхи дæнцæгæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania