Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав фехъусын кодта, физкультурæ æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасанимæ кусæг æмбырды. Куыд загъта, афтæмæй олимпаг хъæзтыты хуыздæр бынæттæ чи бацахса, уыдон республикон закъонмæ гæсгæ, хорзæхгонд æрцæудзысты æхцайæ дæр.
Рио-де Жанейройы Олимпаг хъæзтыты ирыстойнаг спорсментæй майдантæ чи рамбула, уыдон республикæйы разамындæй райсдзысты фатертæ. Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав фехъусын кодта, физкультурæ æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасанимæ кусæг æмбырды. Куыд загъта, афтæмæй олимпаг хъæзтыты хуыздæр бынæттæ чи бацахса, уыдон республикон закъонмæ гæсгæ, хорзæхгонд æрцæудзысты æхцайæ дæр. Битарты Вячеслав Бæройты Хасæнæн бахæс кодта афæдзы сæйраг цаумæ спортсменты цæттæ кæныны хъуыддагмæ цæст дарын. Рио-де Жанейромæ Цæгат Ирыстонæй ацæудзæн 14 спортсмены. Æмбырды ма ныхас цыди цалдæр физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы арæзтадыл. Уыдзысты Беслæны, Мæздæджы, Дигорайы æмæ Елхоты.




