филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
15 июня 2020, 15:54
РЦИ-А экономикæйæн баххуыс кæныны фарстатыл ныхас цыди, Битарты Вячеслав цы видеоконференци сарæзта, уым

РЦИ-А экономикæйæн баххуыс кæныны фарстатыл ныхас цыди, Битарты Вячеслав цы видеоконференци сарæзта, уым. Республикæйы сæ архайд чи сног кæндзæн, уыцы куыстуæттæ æнæмæнгæй хъуамæ дзуапп дæттой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы домæнтæн. Регионы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæззау рæстæджытæ цы бизнесыл фæзындысты, уыдоны куыст хъуамæ ма бамынæг уа, æмæ сабыргай сæ куыстхъомдзинад фæстæмæ раздахой.

Ацы къабазæн баххуыс кæныны мадзæлттыл дзургæйæ, экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй республикæйы æппæт районты скуыстой «Мой бизнес»-ы дæлхайæдтæ. Уый баххуыс уыдзæни бынæттон амалхъом адæмæн. Пандемийæйы тыххæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы структурæты хыгъдмæ хаст æрцыдысты 105 æнæкоммерцион организацийы. Видеоконференцийы ма ныхас цыди социалон фиддонтыл дæр.

Афтæ, 1-æм июнæй пенсион фонд фидын райдыдта 10-гай мин сомтæ 3 азæй 10 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн. Цæгат Ирыстонæн федералон бюджетæй субсидитæ райста 2 млрд сомы. Уыдон хардзгонд æрцæудзысты льготæтæ кæмæн æмбæлы, ахæм адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, се хсæн лыгъд адæм æмæ инвалид сывæллæттæ.

Чысыл бизнесæн баххуыс кæныны программæтæй спайда кодтой уæзæгтæ ласыны, туризмы æмæ стоматологон лæггæдтæ чи кæны, бизнесы уыцы объекттæ. Ныртæккæйы фæтк фæфæлмæндæр кæныны радон къæпхæны байгом уыдзысты базарадон центрты дуканитæ. Видеоконференцийы рæстæг ныхас цыди бизнесæн банкты рдыгæй æххуысыл дæр. Бæлвырддæр та сын кредиттæ гыццыл проценттимæ дæттыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania