филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:57 вторник, 16 декабря 2025
31 марта 2014, 11:39
РЦИ-Аланийы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы 2-аг хатт уыд Джыбылаты Зауыры номыл арæзт турнир пейнтболæй

Спорт алыхуызон ахорæнтимæ. РЦИ-Аланийы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы 2-аг хатт уыд Джыбылаты Зауыры номыл арæзт турнир пейнтболæй.

РЦИ-Аланийы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы 2-аг хатт уыд Джыбылаты Зауыры номыл арæзт турнир пейнтболæй
Спорт алыхуызон ахорæнтимæ. РЦИ-Аланийы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы 2-аг хатт уыд Джыбылаты Зауыры номыл арæзт турнир пейнтболæй. Архайдтой дзы кæртыты командæтæ горæтæй æмæ районтæй. Фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кодтой 25 къорды. Сæ уæнгтæ уыдысты хистæркъласонтæ æмæ Суворовы училищæйы курсанттæ.

Турниры домæнтæм гæсгæ командæ хъуамæ знаджы командæйæ байса тырыса æмæ йæ сфидар кæна полигоны астæу сæрмагонд бынаты. Жюрийы хъуыдымæ гæсгæ ерысдзаутæ равдыстой хорз цæттæдзинад æмæ уæлахизмæ тырнынддзинад. Ерысты æппæтæй хуыздæр уыд Алагиры районы командæ. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ бацахстой Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районы минæвæрттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania