филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:30 вторник, 16 декабря 2025
04 апреля 2014, 11:04
РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Такъоты Сергей фембæлд Мызуры цæрджытимæ

Хæххон поселочы цæрджытæм бирæ лыггæнинаг фарстатæ ис, сæ фылдæр æнæ республикон хицауады æххуысæй аиуварс кæнын тынг зын сты: поселочы коммуникацитæ, хъармгæнæнты куыст æмæ æндæр фарстатæ.

Такъоты Сергей бахæс кодта Ализаты Хъазыбегæн сæвзæрд уавæрмæ бæстон æркæсын, цæмæй бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджыты хъармдзинады фарстатæ мауал тыхсын кæной. Фæлæ хорз уый у, æмæ хæдзæрттæ бындурон сцалцæг кæныны программæмæ гæсгæ авд 9-уæладзыгон хæдзары сæртæ ивд æрцыдысты.

Фембæлды рæстæг ма куыд рабæрæг, афтæмæй æркæсын хъæуы электрон тыхдæттæг хызæгтæм, банывыл кæнын донуадзæн системæмæ. Уæлдай æргом та аздахын хъæуы, 2002 азы донивылдтыты рæстæг цы дон сыгъдæггæнæн хъыгдард баййæфта, уый куыстмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania