Ныхас цыд, Цæгат Кавказы федералон зылды официалон æгъдауæй чи нæ кусы, уыдоны хыгъд фæкъаддæр кæныныл
РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Дзанайты Барис бацархайдта ведомствоты хсæн къамисы æмбырды. Ныхас цыд, Цæгат Кавказы федералон зылды официалон æгъдауæй чи нæ кусы, уыдоны хыгъд фæкъаддæр кæныныл. Мадзал ацыд видеоконференцийы хуызы. Сæрдариуæг дзы кодта УФ-йы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка. Æмбырд гом кæнгæйæ президенты æххæстбарджын минæвар радзырдта 2021-æм æмæ 2022 азы райдайæны хатдзæгтæм гæсгæ сæйраг социалон-экономикон æнтыстдзинæдты тыххæй. Уыимæ рохгонд нæ уыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты æппæтвæрсыг райрæзты мадзæлттæ. Инвестортæн Цæгат Кавказ азæй-азмæ кæны хуыздæр æмæ пайдайагдæр. Æрмæст 2020 æмæ 2021 азты субъектты проектты инвестицитæ дыууæ хатты фæфылдæр сты æмæ систы 318 млрд сомы. Уыимæ инвестицион проектты райрæзтæн дыууæ азмæ сарæзтой 30 мин куыстуаты. Ацы аз дæр куыст дарддæр цæуы. Паддзахады разамонæг сæвæрдта ахсджиаг хæс – официалон æгъдауæй чи нæ кусы, уыдоны хыгъд фæкъаддæр кæнын. Цæгат Кавказы федералон зылды регионты ныффидар фарста алыг кæныны тыххæй мадзæлтты план. Æмбырды Дзанайты Барис радзырдта, Цæгат Ирыстоны куыд кусдзысты фæсаууонмæ куыстыты хыгъд фæкъаддæр кæныныл. Уый у Сергей Меняйлойы уынаффæ. Ведомствоты хсæн къамисæн ма бабар кодтой куыстдæтджытимæ æмархайд банывыл кæнын.




