филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
14 апреля 2021, 10:17
Рухс федта Джыбызты Оскары æрмæджыты æмбырдгонд «Хуры цæстысыгтæ»

Йæ презентаци кадджын уавæры арæзт æрцыд республикæйы наукон библиотекæйы

Ног æвæрæн сфæлдыстады къæбицмæ. Рухс федта Джыбызты Оскары æрмæджыты æмбырдгонд «Хуры цæстысыгтæ». Йæ презентаци кадджын уавæры арæзт æрцыд республикæйы наукон библиотекæйы. Тынг зæрдиагæй йыл бакуыстой кæсæндоны коллектив æмæ Оскары сфæлдыстадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон.

Джыбызты Оскары фыст æмдзæвгæтæ адæммæ фæхæццæ кæнын сценæйæ æнцон нæу, зæгъта журналист Цæголты Олег.

Оскар æмдзæвгæтæ фысгæйæ, сæ аив кодта нывгæнæгау.  Йæ рæнхъыты йæ хъуыдытæ уафыд диссаджы дыгурон дзырдтæй. Чиныг «Хуры цæстысыгтæ»-йы автор у фыссæг Колиты Виталий. Фæлтæрдджын сфæлдыстадон кусæг, тынг зæрдиагæй бакуыста æмбырдгондыл.

Адæмы зæрдæтæм фæхæццæ кæнын  Оскары фыстытæ, сæ автор сæ куыд уыдта, афтæмæй, уый уыд «Хуры Цæстысыгтæ»-йы  редактор Будайты Милусяйы хæс дæр. Куыд загъта, афтæмæй йын æхсызгон уыд  Оскары æфсымæртæ йын йæ къухфыстытæ кæй бахъахъæдтой, уый.

Афтæмæй Оскары зæрдæхæлардзинады кой чи нæ ракодта мадзалы архайджытæй, ахæм нæ уыд. Алчи дæр ын йæ уды сыгъдæгдзинад  æмæ рæстудæн та ма аргъгæнæн бирæ фæлтæртæ уыдзысты.

Йе сфæлдыстады хицæндзинæд ын бæрæг кæнынц куыд æцæгæлон адæм, афтæ фысджытæ æмæ журналисттæ.

Чиныг рухс кæй федта, уый æхцондзинад хæссы, фыццаджыдæр Оскары хиуæттæн. Ныртæккæ ахæм стыр куыст бакæнын æнцондæртæй нæу, фæлæ рауагъдад «Ир»-ы раздæры сæйраг редактор Цæголты Оледжы фæрцы та Оскары къухфыстытæ фæлыст æрцыдысты диссаджы чиныджы. 

 «Хуры цæстысыгтæ» рацыд 500 экземплярæй. Презентацимæ æрбацæуджытæ  аргъ скодтой æмбырдгондæн, стæй ма федтой Оскары тыххæй ист цыбыр кинонывæй скъуыддзаг. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ мадзал саразыныл кæй бакуыстой наукон библиотекæйы кусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania