филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
23 июня 2021, 12:07
Рухс федта Таматы Таймуразы радон куыст «Уаладжыры комы æрдзы атлас»

Уый у йæ дыккаг атлас, фыццаджы та адæмы размæ рахаста Дыгургомы бынæттæм бацæуæнтæ

Ног æвæрæн Ирыстоны сфæлдыстады хæзнадонмæ. Уыимæ, канд сфæлдыстадыл дзурæг нæу, фæлæ ма пайдайаг у фыдæлтыккон бынæттæ зонынæн. Рухс федта, чи зоны æмæ рæхджы дуне дæр базондзæн Таматы Таймуразы радон куыст «Уаладжыры комы æрдзы атлас». Уый у йæ дыккаг атлас, фыццаджы та адæмы размæ рахаста Дыгургомы бынæттæм бацæуæнтæ. Уый бæлвырддæр базонгæ Тамайы-фырты куыстытимæ.

Рæстæджы цыд куыд бацамыдта, афтæмæй Ирыстоны кæмтты цы диссаджы бынттæ ис, уыдон иузæрдионæй никæй ныууадзынц. Æмæ цæмæй уыцы кувæндæттæ, æхсæрдзæнтæ, æмæ æндæр цымыдисаг объекттæ, нæ фыдæлтæ стыр аргъ кæмæн кодтой, уыцы бынæттæ æнцондæр арæн уой, ууыл ахъуыды кодта Малиты Георгийы номыл æхснады сæрдар  Таматы Азийханы фырт Таймураз. Рагæй иртасы уыцы æрдзон фæзындтытæ. Ныр сæ ацы хуызы сфæнд кодта адæммæ фæхæццæ кæнын.

Уæлладжыры комы атлас, куыд Таймуразы иннæ куыст –Дыгургомы æрдзы атлас, пайдайаг уыдзæн куыд скъоладзаутæн, афтæ туристтæн. Сæ фæрцы æнцонтæй базонæн ис, цы ран дæ комы, уый, уыимæ дарддæр акæнын дæ фæндаг æндæр цымыдисаг бынатмæ. Автор стыр æргом раздæхтæ йæ куысты бынæтты къамты хæрзхъæддзинадмæ.  Атлæстæм хаст бынаттыл зилгæ сын фæиста сæ къамтæ æмæ афтæмæй рауадысты  ирд фæлыстгонд атлæстæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Таматы Таймураз стыр æврæн кæй хæссы Ирыстоны бæрæгбæттæ мæ ферох кæныны хъуыддагмæ. Æрвылаз саразы къалиндар. Уым сбæрæг кæны, цавæр национ бæрæгбон кæд уыдзæн, уый. Уæдæ йæ иннæ чингуытæ дæр сты раныхасы аккаг. Се ппæты дæр фæлтæртæм дæтты ирон æгъдау, таурæгътæ, историон хабæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania