02 декабря 2020, 12:09
Рухс федта Таматы Таймуразы радон сфæлдыстадон куыст
Чиныг «Дыгургомы æрдзы атлас» йæ мидисмæ гæсгæ у æнæбафæзмынгæ
Рухс федта Таматы Таймуразы радон сфæлдыстадон куыст. Чиныг «Дыгургомы æрдзы атлас» йæ мидисмæ гæсгæ у æнæбафæзмынгæ. Ис дзы 168 сыфы. Алы æрдзон бынат дæр бæрæггонд у къамы. Ист æрцыдысты квадрокоптерæй. Тамайы-фырт сæ лæмбынæг фембырд кодта. Пайдайаг уыдзæн Дыгургоммæ цæуæг бæлццæттæн. Йæ фæрцы, æнцонтæй базонæн ис, кæм дæ, цы бынаты да, уый. Атлас рауадзынмæ Таматы Таймуразæн баххуыс кодта амалхъом адæймаг Боллоты Таймураз.
темæмæ гæсгæ