филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:43 вторник, 14 мая 2024
22 февраля 2013, 17:21
Русфонд дарддæр æмбырд кæны фæрæзтæ, уæззау рынчын сывæллæттæн баххуыс кæнынмæ

Ацы хъуыддагмæ йе вæрæн бахæссын у алкæйы бон дæр. Хъæуы латинаг кæнæ уырыссаг дамгъæтæй фыст дзырд «добро» арвитын 5541 номырмæ. СМС-хъусынгæнинаджы аргъ у 75 сомы. Арвитын æй ис цалдæр хатты.

Ацы хъуыддагмæ йе вæрæн бахæссын у алкæйы бон дæр. Хъæуы латинаг кæнæ уырыссаг дамгъæтæй фыст дзырд «добро» арвитын 5541 номырмæ. СМС-хъусынгæнинаджы аргъ у 75 сомы. Арвитын æй ис цалдæр хатты. Ныртæккæ æххуысхъуаг у 6-аздзыд Сиданты Артур. Лæппуйæн хъыгдард у йæ зæрдæ. Скодтой йын цалдæр операцийы. Ныр дæр та бинонты цæуын хъæуы Берлины кардиоцентрмæ.

Сиданты Артур ахуыр кæны кæсын. Лæппу цæуы дины скъоламæ. Уарзы компьютерон хъæзтытæ, стæй ленк кæнын. Фæнды йæ профессионалон спортсмен суæвын. Фæлæ, хъыгагæн, йæ бæллиц нæ сæххæст уыдзæн. Сывæллонæн йæ райгуырдæй фæстæмæ йæ зæрдæ у хъыгдард. Уыимæ ма йæ тыхсынц кæнынц йæ хулфы дзаумæттæ. Артуры буарыл ис бирæ ностæ. Йе 6 азмæ йын скодтой 4 уæззау операцийы.

Лæппуйæн йæ зæрдæйæн фыццаг операци скодтой, цалдæр къуырийы йыл куы цыдис, уæд. Алы 3 мæйы дæр бинонтæ цыдысты Мæскуымæ æркастмæ. Фæлæ сывæллоны уавæр нæ хуыздæр кодта. Хъуыдис ын уæззау операци кæнын. Мæскуыйаг дохтыртæ йæм сæ ныфс нæ бахастой, уымæн æмæ Артуры цардæн тæссаг уыд. Лæппу йæ мадимæ ацыд Берлины кардиоцентрмæ. Операцийæн æхца, 40 мин евройы радих кодта Хуссар Ирыстоны раздæры президент Кокойты Эдуард. Дыккаг хатт Германимæ бинонтæ ацыдысты 2011-æм азы. Æхца æрæмбырд кодтой сæ хæстæджыты æмæ хæлæртты æххуысæй. Тагъд рæстæджы та Артурæн хъæудзæн ног операци кæнын.

Сиданты Вандæ: «Берлины клиникæйы нæм æнхъæлмæ кæсынц. Операцийы аргъ у 12 мины 400 евройы. Июны мæймæ нæ хъæуы ссарын уыцы æхца. Бирæ фæхуыздæр ис. Раздæр-иу кæд кодта цъæх, йæ бон улæфын нæ уыд, уæд нын ныр бар радтой велосипедæй хъазынæн дæр».

Артурæн баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон фæрæзтæ арвитын у Русфонды сæрмагонд хыгъдмæ. Хæрзаудæн организацийы сайты ис информаци, æхца куыд сæвæрын хъæуы, уый тыххæй.

Русфонды хыгъдмæ ма æхца арвитын ис иу хуызы. Уый тыххæй хъæуы уырыссаг кæнæ латинаг дамгъæтæй фыст дзырд «добро» арвитын цыбыр номырмæ 5541. СМС-хъусынгæнинаджы аргъ у 75 сомы. Арвитæн æй ис цалдæр хатты.

Нæ равдыстытæй иуы дзырдтам 2-аздзыд Къораты Камиллæйы тыххæй. Чызгмæ уыдис онкологон низ. Цæмæй сывæллоны немыцаг клиникæтæй иуы сдзæбæх кæной, уый тыххæй хъуыдис милуан æмæ 500 мин сомы бæрц. Зæрдæхæлар адæмы æххуысæй, уыцы фæрæзтæ æрæмбырд кæнын бантыст. Камиллæйæн скодтой операци, йæ рæсыд ын ралыг кодтой. Ныртæккæ чызг цæуы реабилитаци Германийы.
 
Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania