филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:30 пятница, 17 мая 2024
22 февраля 2022, 11:35
Ӕрыгон æфсæддонты рæнхъытæ фæхъæздыгдæр кодтой Уæллаг Фыййагдоны бархионтæ

Кадджын уавæры ардбахордтой 80 лæппуйы æмæ чызджы

Ныфсхаст хистæртæй дæнцæг исынц æвзонг кæстæртæ дæр. Афтæмæй æрыгон æфсæддонты рæнхъытæ фæхъæздыгдæр кодтой Уæллаг Фыййагдоны бархионтæ. Кадджын уавæры ардбахордтой 80 лæппуйы æмæ чызджы. Зæгъæн ис, æмæ сын райдыдта сæ царды ахсджиаг хай. Куыд цæттæ кодтой сæхи рæзгæ фæлтæр, æмæ куыд ацыди сæ бæрæгбон, уый федта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Ацы чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ кӕд нырма ӕрыгон сты, уӕддӕр цӕттӕ сты сӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнынмӕ. Кӕд сӕм ӕцӕг ӕфсӕддоны миниуджытӕ сеппӕтдӕр нӕма сты, уӕддӕр сӕ бакастыл бӕрӕг у, бирӕ сын кӕй бантысдзӕн, уый. Сывӕллӕттӕ ӕмбарынц сӕ бӕрнондзинад ӕмӕ сӕ уӕхсчытыл цы ног хӕс ӕрӕнцад, уый. Уӕллаг Фыййагдоны скъолайы 80 ахуырдзауы кадджын уавӕры райстой ӕвзонг ӕфсӕддонты рӕнхъмӕ.

Скъоладзаутӕй бирӕты фӕндыдис, цӕмӕй сӕ скъолайы цардыл бафта ӕхсӕнадон куыст дӕр. Ӕрыгон ӕфсӕддонты рӕнхъытӕ сын ныр уыцы фадат ратдзысты. Чи зоны, кӕйдӕрты бафӕнддзӕн сӕ цард ӕфсӕддон хъуыддагимӕ сбӕдтын. Ныр та уал ын фадат ис ӕрыгон азты службӕйы комулӕфт банкъарын.

Куыд дарддӕр, афтӕ скъоладзаутӕн уӕгъд рӕстӕг ӕппындӕр нал фаг кӕндзӕн. Се мбӕлттимӕ архайдзысты стыр ӕфсӕддон бӕрӕгбӕтты, кӕндзысты бархионты куыст, зилдзысты Мемориалтӕм ӕмӕ парахат кӕндзысты патриотизмы мидис.

Сӕйрагдӕр та сывӕллӕттӕ ахуыр кӕндзысты ӕфсӕддон дисциплинӕтӕ, архайдзысты ӕмбырды, ахуыр кӕндзысты ӕхсын ӕмӕ Фыййагдоны скъолайы разамынд куыд загъта афтӕмӕй дарддӕр фӕнд кӕнынц ӕндӕр ӕхсӕнадон организацитимӕ ӕмархайд, цӕмӕй алы сывӕллон дӕр равзара йӕ царды фӕндаг.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania