филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
18 июня 2020, 15:41
Рынчындæттæм хæринаг хæццæ кæндзæн дзæбæхгæгæн профилактикон центр

Уыцы куыст æххæстгонд цæуы республикæйы Парламенты закъоны проектмæ гæсгæ

Уæдæ нырæй фæстæмæ рынчындæттæм хæринаг хæццæ кæндзæн дзæбæхгæгæн профилактикон центр. Уыцы куыст æххæстгонд цæуы республикæйы Парламенты  закъоны проектмæ гæсгæ. 15 азмæ комбинаты куыстмæ аипп хаст не рцыд. Сæ архайдимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд.

Хæринагæн цæхæра рагагъоммæ цæттæ кæнынц, дарддæр та хус дыргътæ фыцынц компотæн. Дзæбæхгæнæн хæрæндоны центры архайд у нывылгонд. Лæггад дзы кæны 115 адæймаджы. Нелли БачарОва у диетолог. Йæ дæсныйады ис 28 азы, фæстаг  13 азы та кусы ацы центры

Адджинæгтæ кæм кæнынц, уым æдзухдæр вæййы хæрздæф. Дзæбæхгæнæндæтты хæрæндоны центры сывæллæттæн сфыцынц хæрзад каш. Цыбыр ныхасæй райсомы хæрд, сихор æмæ аходæн, алцыдæр æнæкъулымпыйæ йæ рæстæгмæ цæттæ. Цæмæй тæвд хæринаг афойнадыл хæццæ кæна рынчынтæм, уымæн центр ифтонг у нырыккон транспортæй дæр. Уæдæ кусæнгæрзтæ дæр дзуап дæттынц абоны домæнтæн. Хойраг æлхæд цæуы, дызæрдыг кæуыл нæ кæнынц, ахæм рæтты.

Ныртæккæ комбинат лæггад кæны 14 дзæбæхгæнæндонæн. Дзæуджыхъæуæй фæстæмæ сæ продукци хæццæ кæнынц республикæйы 4 районмæ. Пандемийæйы агъоммæ лæггад кодтой 3 мин адæймагæн. Сæ гæнæнтæм гæсгæ сæ бон у фылдæр адæмæн балæггад кæнын. Æрæджы республикæйы парламент цы закъоны проект сфидар кодта, уымæ гæсгæ центр у иунæг куыстуат, рынчындæттæм хæринаг чи хæццæ кæны, ахæм.

Продукцийы хæрзхъæддзинадæн иу куыстуат дзуапп кæй дæтты, уый хорз у, зæгъынц специалисттæ. Куыд банымадтой, афтæмæй иу рынчынæн суткæмæ хæринагыл ацæуы 135 сомы, уый æнæ уæлæмхасæн æфтауæнтæй банымайгæйæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ 15 азмæ рынчындæттæ хæринагæй цы центр фсады, уымæ аипп нæ уыд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania