Пансионат «Урсдоны» æрæмбырд сты 200 сывæллонæй фылдæр республикæйы алы районтæй. Ацы аз семæ сты, Украинæйæ нæм цы сывæллæттæ ссыдысты, уыдон дæр. Сывæллæттæ
Дыккаг фæлтæр сæрдыгон дзæбæхгæнæн лагерь «Стъалыты бæстæйы» байгом кодтой се ппæт къордты рæсугъд цыдæй. Æдæппæтæй пансионат «Урсдоны» сты 11. Се хсæн сты, Украинæйæ нæм цы сывæллæттæ ссыдысты, уыдон дæр. Ныртæккæ сын æппæтæй ахсджиагдæр у хæлардзинадыл ахуыр кæнын, зæгъынц хистæртæ. Раарфæ сын кодтой пансионаты разымынд, стæй министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ. Хъæрмуд ахастдзинæдтæ, хъæлдзæг хъæзтытæ, конкурстæ, ерыстæ. Æнкъардæй ам нæ баззайдзысты, нæ украинаг, нæ цæгатирыстойнаг сывæллæттæ.
Ам сывæллæттæн арæзт æрцыд сæрмагонд фæлладуадзæн программæ. Лагеры хицау Тобойты Сервер куыд зæгъы, афтæмæй цæгатирыстойнаг сабитимæ иумæ сæхи цæттæ кодтой, Украинæйæ нæм цы сывæллæттæ ссыдысты, уыдон дæр. Тынг зæрдиагæй архайдтой æппæт хъуыддæгты дæр. Сæхицæн арæзт æрцыд хицæн къорд.
Ацы чызджытæ кæрæдзийы цалдæр минуты йеддæмæ нæма зонынц, фæлæ цæуыл аныхас кæной, уый ссардтой. Пансионатмæ, уазджытæ бабæрæг кæнынмæ æрбацыдысты се мгæрттæ Дзæуджыхъæуæй – сывæллæтты сфæлыстады галуаны дзæбæхгæнæн лагерь «Фидæны» хъомылгæнинæгтæ. Пансионаты ма нырдæр ис Украинæйы граждæнтæ. Æдæппæтæй 100 адæймаджы. Арæзт сын æрцыд æмбæлгæ уавæртæ. Ам сæ фæллад чи уадзы, уыцы цæгатирыстойнаг сабитæн та ахæм сыхæгтæ кæй ис, уый сæ зæрдæмæ тынг цæуы.
Гамаонты Эрик, пансионат «Урсдоны» директор: «Сывæллæттимæ аныхас кодтам, бамбарын сын кодтам, Украинæйы цæрджыты кæй суазæг кæнын хъæуы. Æмæ загътой, нæ бынæттæ дæр дам сын ратдзыстæм. Æмæ нæ нæ бахъуыд ахæм уавæртæ аразын, афтæмæй 100 адмагæн бынат сарæзтам».
Хистæртæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæгатирыстойнаг сабитыл дæр, стæй нæм украинæйæ цы сывæллæттæ ссыд, уыдоныл дæр ацы фембæлд хорзырдæм фæзындзæн. Ахуыр кæндзысты хæлардзинадыл, стæй кæрæдзийæн æххуыс кæныныл.
Дыууæ къуырийы фæстæ та ардæм, Урсдонмæ, улæфынмæ æрбацæудзысты æндæр сывæллæттæ – 250 адæймаджы. Æдæппæтæй та ацы сæрд ам баулæфдзæн иу мин сывæллонæй фылдæр.
Гугкаты Иринæ




