филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:07 понедельник, 15 декабря 2025
06 мая 2014, 17:38
Сæрдыгон каникулты агъоммæ ногæй каст цыд сывæллæтты фæллад уадзыны æмæ сæ æнæниздзинад фидардæр кæныны фарстатæм. Ацы аз хъуамæ баулæфой 58 мин скъоладзауы

Хицауады сæрмагонд къамис бæстонæй æрдзырдта, скъоладзауты æрбынæттон кæнынмæ кусæндæттæ цас цæттæ сты, ууыл. Хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем уæлдай стыр æргом аздæхта, сывæллæттæ æхсæвæй-бонæй кæм вæййынц, уыцы лагерьтæм

Сæрдыгон каникулты агъоммæ ногæй каст цыд сывæллæтты фæллад уадзыны æмæ сæ æнæниздзинад фидардæр кæныны фарстатæм. Ацы аз хъуамæ баулæфой 58 мин скъоладзауы
Сæрдыгон каникулты агъоммæ ногæй каст цыд сывæллæтты фæллад уадзыны æмæ сæ æнæниздзинад фидардæр кæныны фарстатæм. Ацы аз хъуамæ баулæфой 58 мин скъоладзауы.

Хицауады сæрмагонд къамис бæстонæй æрдзырдта, скъоладзауты æрбынæттон кæнынмæ кусæндæттæ цас цæттæ сты, ууыл. Хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем уæлдай стыр æргом аздæхта, сывæллæттæ æхсæвæй-бонæй кæм вæййынц, уыцы лагерьтæм. Домæнтæ сæм сты карз, æмæ ма цы рæстæг баззад, уымæй хъуамæ спайда кæной, цæмæй цæстдарæг службæты фæдзæхстытæ иуылдæр æххæстгонд æрцæуой. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Тугъанаты Ларисæ куыд радзырдта, афтæмæй сывæллæттæ сæ фæллад уадздзысты 184 кусæндоны, уыдонæй 145-ы уыдзысты æрмæстдæр боныгон. Бадзырдтæ фидаргонд æрцыдысты 25 санатори æмæ турбазæимæ, майы кæрон сæ къамис сбæрæг кæндзæн. Сæрдыгон каникулты рæстæг бакусыны фадат уыдзæн 3250 скъоладзауæн. Фæлладуадзæн кампанийы агъоммæ цы фарстатæ алыг кæнын хъæуы, уыдонæй сæйрагдæртæ баст сты Дыгургомы фæндаг сбиноныг кæнынимæ, стæй хæххон турбазæтæм электрон тых æнæкъуылымпыйæ дæттынимæ. Бынæттон хиуынаффæйады кусджытæ дзуапп дæттынц скъолаты лагерьты куыстæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania