филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:02 пятница, 05 июля 2024
26 августа 2014, 12:50
Сæрдыгон каникулты рæстæг ам вæййы бирæ сывæллæттæ, фæлæ бынат æмбæлгæ домæнтæн дзуапп нæ дæтты

Иу лыггæнинаг фарста ма. Ныр къорд азы поселок Южныйы сабитæ хъазынц, хæмпæлгæрдæджы бын цы фæзуат фæцис, уым. Сæрдыгон каникулты рæстæг ам вæййы бирæ сывæллæттæ,

73898
Иу лыггæнинаг фарста ма. Ныр къорд азы поселок Южныйы сабитæ хъазынц, хæмпæлгæрдæджы бын цы фæзуат фæцис, уым. Сæрдыгон каникулты рæстæг ам вæййы бирæ сывæллæттæ, фæлæ бынат æмбæлгæ домæнтæн дзуапп нæ дæтты.

Хæмпæлгæрдæг, саст хæрыгæнæнтæ, æнæзылд баскетболон фæзуат. Ахæм ран хъазынц алы бон поселок Южныйы сывæллæттæ. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæрзонд кæрдæджы ис кæлмытæ дæр. Фæзуат æхгæд нæу æмæ дзы арæх хизынц фос дæр.

Дыгуры Барис, п.Южныйы цæрæг: «Уæртæ Терчы дон хæстæг ис æмæ сывæллæттæ йæм бацæуынц æмæ мæнæ ам быру куы скæниккой, уæд тынг хорз уыдзæн сывæллæттæн дæр, стæй уынгты чи цæуы уыдонæн дæр. Æндæр ма кæсут хæмпæлæй куыд нал зыны».

Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ хъаст бахастой поселочы администрацимæ, фæлæ уымæй дарддæр ныййарджытæ ницæмæй баххуыс кодтой сæ кæстæртæн. Сабитæ сæхи хъаруйæ архайынц.

Футболæй хъазынæн хыз дæр дуарыл сæхæдæг бакодтой. Сæрдыгон ам 20 сабийæ къаддæр не `рымбырд вæййы. Кæд асфальт у къуыппытæ-дзыхъхъытæ, уæддæр дзы хъазынæй не фсæдынц.

Наниты Валерий, п.Южныйы цæрæг: «Хистæр фæлтæр хъазынц футболæй, кæстæртæ сæм дардæй кæсынц. Сæ бон фалдæр бацæуын дæр нæу. Бакæсут ма кæрдæгæй нал зыны, калмæй тæрсынц. Бынæттон хицауадæн сæ бон ницы у. Æхца сæм нæй æмæ сæ къухтæ баст сты».

Не сфæлдыстадон къорд фембæлд Администрацийы разамындимæ æмæ бамбарын кодтой, ацы фæзуат кæй нæй сæ дæлбар, уымæй дарддæр дзы электрон хызæг цæуы, æмæ дзы закъонмæ гæсгæ сывæллæттæн хъазæн фæзуат аразæн нæй.

Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд бамбарын кодтой, афтæмæй хъазæн фæзуат юридикон æгъдауæй хъæуы ныффидар кæнын. Æмæ дзы уæд иннæ аз райдайдзысты кусын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania