23 мая 2014, 11:29
Сæрдыгон каникулты рæстæг сывæллæттимæ лагерьты чи фæкусы, уыцы хъомылгæнджытæн фæллойы æмæ социалон рæзты министрад ахуырады æмæ наукæйы министрадимæ саразынц семинар
Ацы хатт æй скодтой Тæмисчъы санаторийы. Архайдтой дзы 100 адæймагæй фылдæр. Сывæллæтты куыд суазæг кæнын хъæуы, цавæр фарстатæм хъæуы фылдæр æргом аздахын, сæ патриотон,

Ацы хатт æй скодтой Тæмисчъы санаторийы. Архайдтой дзы 100 адæймагæй фылдæр. Сывæллæтты куыд суазæг кæнын хъæуы, цавæр фарстатæм хъæуы фылдæр æргом аздахын, сæ патриотон, спортивон æмæ культурон хъомылад – æппæт ацы фарстатыл уыд бæстон ахуыртæ. Хъæугæ зонындзинæдтæ сын бацамыдтой бæрнон министрадтæ æмæ ведомствоты специалисттæ. Хъусдард хъуамæ уа æдасдзинады фарстатæм дæр, уымæ гæсгæ семинары ныхас цыд сывæллæтты фыдракæндтæй, зынгсирвæзтытæй, фæндаггон фыдбылызтæй æмæ хæцгæ низтæй бахъахъхъæныныл. Сывæллæтты ‘хсæн хæлар ахастдзинæдтæ цæмæй уа, уымæн хъуамæ ахъаз уой ирхæфсæн дзыллон мадзæлттæ дæр. Хъомылгæнджыты базонгæ кодтой уæгъд рæстæгæн раст фæтк аразыны домæнтимæ. Тæмисчъы сывæллæтты лагерь кусы афæдзы дæргъы, æмæ семинары архайджытæн фадат ис сæ зонындзинæдтæй практикон æгъдауæй спайда кæнынæн.

темæмæ гæсгæ