17 июня 2014, 11:05
Сæрдыгон каникултыл канд сывæллæттæ нæ цин кæнынц, фæлæ ма сæ ныййарджытæ дæр
Уæлдайдæр та хохаг хъæу Буроны цæрджытæ. Ахуыры аз ам æрвылбон сæ мæт, сæ катай вæййы сывæллæтты афойнадыл Мызуры скъола æмæ рæвдауæндонмæ бахæццæ кæнын. Нæй сæм сæрмагонд автобус, нæ кусы сывæллæтты цæхæрадон. Ныййарджытæ сæ хъст бахастой алы рæттæм, фæлæ сын дзуапдæттæг нæ разынд.
Сæрдыгон каникултыл канд сывæллæттæ нæ цин кæнынц, фæлæ ма сæ ныййарджытæ дæр. Уæлдайдæр та хохаг хъæу Буроны цæрджытæ. Ахуыры аз ам æрвылбон сæ мæт, сæ катай вæййы сывæллæтты афойнадыл Мызуры скъола æмæ рæвдауæндонмæ бахæццæ кæнын. Нæй сæм сæрмагонд автобус, нæ кусы сывæллæтты цæхæрадон. Ныййарджытæ сæ хъст бахастой алы рæттæм, фæлæ сын дзуапдæттæг нæ разынд.
Алы бон ацы машинæ ацæуы Буронæй Мызурмæ. Йæ шофыр скъола æмæ рæвдауæндонмæ аласы йæхи 3 хъæбулы æмæ сыхæгты сывæллæтты. Машинæ кæй хæдзары нæй, уыдон та æрвылбон рацæуынц федералон фæндагмæ.
Гаглойты Тамарæ: «Нæ сывæллæтты рæвдауæндонмæ цæмæй ласæм уый нын нæй æмæ алы бон мæнæ ам слæууæм æмæ машинæтæ уромæм райсомæй. Кæд гæнæн ис, уæд нын иу автобус куы радтиккой, уæд автобусыл ласиккам сывæллæтты, цалынмæ нæхимæ сывæллæтты цæхæрадон байгом кæной, уæдмæ».
Буронæй Мызуры æхсæн ис 12 километры. Сæрмагонд фæткмæ гæсгæ дзы цæуы автобус, фæлæ йæ рæстæг адæмы домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Фыццаг автобус рацæуы 7 сахаты æмæм 40 минутыл, сывæллæтты рæвдауæндон æмæ скъоламæ хъæуы 9 сахатмæ цæуын. Сихорыл, фæстæмæ æрбацæуыннæ сæ бахъæуы фæстаг урокæй рацæуын, кæннод та изæры 5 сахатмæ Мызуры баззайын, афтæмæй сывæллон баззайы йæхи бар.
Джелыты Анжелæ:: «Æз Нузайлаг чызг дæн æмæ Нузалæй дæр афтæ цæуынц скъоламæ дæр. Садикмæ чи цæуы, уыцы кары та кæнгæ дæр нæ кæнынц, уæд ис Нузалы уылты дæр ацæуит æмæ ма иу уыцы хъæуы сыфвæллæтты дæр аласит».
Иу лыггæнинаг фарстама ис Буроны. Ис дзы сывæллæтты цæхæрдон, фæлæ 5 азæй фылдæр нæ кусы. Хъæуы йæ сцалцæг кæнны, фæлæ сын бынæттон разамынд куыд зæгъы, афтæмæй уымæн сæм æхца нæй.
Джелыты Анжелæ: «Нæ хъæуы ис садик, фæлæ 8 азы бæрц нæ кусы. Уый тыххæй уый размæ телеуынынадмæ дæр дзырдтам, æрбацыдысты нæм дзырдтам æмæ ууыл 2 мæйы цæуы, фæлæ ницы. Писмотæ дæр ныфысстам администрацимæ, фæлæ нын дзуапп дæр нæ радтой нырма. Ныр мæнæ ссæрд».
Алиры районы администрацийы зæгъынц, уавæрæй рацæуынæн æркастысты цалдæр фарстамæ. Сæ иу Буроны цы бирæуæладзыгон хæдзар арæзт цæуы, уым фыццаг уæладзыг рæвдауæндоны домæнтæм гæсгæ рацаразын. Уыцы курдиатимæ фæсидтысты аранхъахъæнджыты разамындмæ
Токаты Олег, Алагиры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Ацы фарста хæстæгдæр рæстæг лыггонд куы нæ æрцæуа, уæд хъуыды кæндзыстæм сывæллæтты ласынæн автобус балхæныныл. Зæрдæ æвæрын ног ахуыры размæ фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй».
Ныртæккæ та уал, цалынмæ каникултæ сты, уæдмæ уал улæфынц сæ ныййарджытæ дæр. Зæрдæ дарынц, 1-æм сентябры сæ хъизæмæрттæ кæй фæуыдзысты уымæй.

темæмæ гæсгæ