15 апреля 2014, 18:09
Сæрмагонд ахуыртæ абон райдыдтой Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты `хсæн
Абоны æрымысгæ цаумæ гæсгæ, радхæссæджы пультмæ телефонæй æрбадзырдтой æмæ фехъусын кодтой Камбилеевкæйы доны æмвæзад фæбæрзонддæр, тæссаг у раивылынæй. Уыцы сахат бынатмæ рацыдысты æнæнхъæлæджы цауты министрады къордтæ.
Арæзт цæуынц æцæгдзинадмæ хæстæг тренировкæтæ. Абоны æрымысгæ цаумæ гæсгæ, радхæссæджы пультмæ телефонæй æрбадзырдтой æмæ фехъусын кодтой Камбилеевкæйы доны æмвæзад фæбæрзонддæр, тæссаг у раивылынæй. Уыцы сахат бынатмæ рацыдысты æнæнхъæлæджы цауты министрады къордтæ. Управленийы та кусын райдыдта оперативон штаб. Сæ хæс у, агурæн-сгарæн куыстытæ, адæмы бынатæй ракæныны æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ раст æмæ бæлвырд саразын. Тренировкæтæ цæудзысты райсом дæр. Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады разамонæг Александр Хоружий куыд фехъусын кодта, афтæмæй ирвæзынгæнджыты ахуыр кæнынц æнæнхъæлæджы цауты рæстæг адæмы ирвæзын кæныныл, стæй фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныныл.
Ахуырты рæстæг кусы æнæнхъæлæджы цауты тыххæй хъусынгæнæн системæ. Министрады кусджытæ адæмæй курынц, цæмæй сæрмагонд кусæнгæрзты хъæрæй ма тæрсой.
темæмæ гæсгæ




