филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:51 вторник, 16 декабря 2025
08 октября 2014, 11:32
Сæрмагонд депутатон къамисы уæнгтæ, сæ сæргъы Кучиты Гарий, афтæмæй знон бабæрæг кодтой Æрыдоны æмæ Дыгуры районтæ

Сæ цыды сæр уыди, дыууæ районы æхсæн цы ног фæндаг аразынц, уый хæрзхъæддзинад сбæрæг кæнын. Куыстытæ нырма сæ тæмæны сты, фæлæ «Дорстройсервис»-ы куыд зæгъынц, афтæмæй архайынц, цæмæй цалдæр мæймæ фæндаг байгом уа. Фæндагаразджытæ кусынц æхсæвæй бонæй.

74670
Сæрмагонд депутатон къамисы уæнгтæ, сæ сæргъы Кучиты Гарий, афтæмæй знон бабæрæг кодтой Æрыдоны æмæ Дыгуры районтæ.
Сæ цыды сæр уыди, дыууæ районы æхсæн цы ног фæндаг аразынц, уый хæрзхъæддзинад сбæрæг кæнын. Куыстытæ нырма сæ тæмæны сты, фæлæ «Дорстройсервис»-ы куыд зæгъынц, афтæмæй архайынц, цæмæй цалдæр мæймæ фæндаг байгом уа. Фæндагаразджытæ кусынц æхсæвæй бонæй. Парламенты депутаттæ æмæ куыстуаты разамынд æрдзырдтой, цы фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыдоныл. Нæ республикæйы арæх фенæн вæййы, 50 тоннæйæ фылдæр чи ласы, ахæм машинæтæ, æмæ, депутатты хъуыдымæ гæсгæ, фæндæгтыл хъæуы уæзбарæн пункттæй пайда кæнын. Бæлвырддæр ацы фарстайыл æрдзурдзысты сæрмагонд комитеты хæстæгдæр æмбырды.
Дарддæр парламенты уæнгтæ араст сты Дигорамæ æмæ сбæрæг кодтой, Дур-Дуры хъæумæ цы ног фæндаг сарæзтой, уый. Алагиры фæндæгтæ цалцæггæнæн арæзтадон управлени йæ эксплуатацимæ æрæджы радта, фæлæ депутаттæ йæ хæрзхъæддзинадæй нæ раппæлыдысты. Фæзынд дзы дзыхъхъытæ. Ацы фарстайыл дæр æрдзурдзысты къамисы радон æмбырды.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania