филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 вторник, 16 декабря 2025
11 марта 2014, 11:18
Сæрмагонд къамисы æмбырды æркастысты, субсидитæ райсын кæй фæнды, уыцы амалхъом адæмы 60 проектмæ

Паддзахадон æххуыс чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн. Сæрмагонд къамисы æмбырды æркастысты, субсидитæ райсын кæй фæнды, уыцы амалхъом адæмы 60 проектмæ.

Сæрмагонд къамисы æмбырды æркастысты, субсидитæ райсын кæй фæнды, уыцы амалхъом адæмы 60 проектмæ
Паддзахадон æххуыс чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн. Сæрмагонд къамисы æмбырды æркастысты, субсидитæ райсын кæй фæнды, уыцы амалхъом адæмы 60 проектмæ. Æхцатæ дæттынц хъæууонхæдзарадон техникæ балхæнынæн, кусæнгæрзтыл кæй схардз кодтой, уыдонæн сæ кæцыдæр хай фæстæмæ райсынæн, социалон амалхъомдзинады субъекттæн, стæй æрыгон бизнесменты гранттæн. Чысыл амалхъомдзинадæн æххуысы æмæ рæзты управленийы разамонæг Цæбиты Тимур куыд загъта, афтæмæй ныр паддзахадон æххуыс райсыны домæнтæ фæкарздæр сты. Проекттæ бæрæг кæндзысты баллтæм гæсгæ. Стæй ма специалисттæ бæрæг кæндзысты, паддзахадон фæрæзтæй чи куыд спайда кодта, уый. Ацы аз чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзты программæ æххæст кæнынæн республикон бюджеты æвæрд æрцыд 80 милуан сомы.

Абойты Зауырбег, къамисы уæнг: «Къамисы æркастыстæм паддзахадон æххуыс райсын кæй фæнды, уыдоны проекттæм. Æдæппæтæй уыдысты 60 бæрц. Бацархайдзыстæм, уыдонæй хуыздæртæ равзарыныл. Зæгъын мæ фæнды, проекттæ ног домæнтæм гæсгæ кæй æвзæрстам, уый. Иннæтимæ абаргæйæ сты карздæр. Нæ зæрдæ дарæм, раст уынаффæтæ кæй рахастам, ууыл. Фæнды нæ, цæмæй адæмæн цы æхца радтам, уыдонæй раст спайда кæной, æмæ республикæйæн пайда æрхæссой».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania