19 апреля 2018, 18:01
Сæ цæрыны уавæртæ хуыздæрхъуаг кæмæн сты, уыцы æрыгон бинонтæн фадат ис æххуыс райсынæн
Ууыл ныхас цыди абон Парламенты Советы радон æмбырды.
Сæ цæрыны уавæртæ хуыздæрхъуаг кæмæн сты, уыцы æрыгон бинонтæн фадат ис æххуыс райсынæн.
Ууыл ныхас цыди абон Парламенты Советы радон æмбырды. Депутаттæ хорзыл банымадтой, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады хъæппæрис. Баст у цæрæнуæттæн кредиттæ дæттыны хъуыддагимæ. Проекты фарс рахæцыдысты республикæйы хицауады дæр. Ныхас цæуы ипотекæйы фарстатыл. Бæлвырддæр та йын йæ проценттæн фæрæзтæ республикæйы бюджетæй дæттыныл. Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев куыд загъта, афтæмæй æппæт фарстатыл дæр бакусын хъæуы апрелы кæронмæ. Уыцы мгъуыдмæ сбæлвырд кæндзысты, субсидитæ кæмæн дæтдзысты, ахæм адæмы категоритæ. Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты министрады æркæсдзысты æппæт фарстатæм дæр. Æмæ уæд сентябры æрыгон бинонтæн райдайдзысты фыццаг æххуыс кæнын.
темæмæ гæсгæ




