филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:58 понедельник, 15 декабря 2025
03 октября 2014, 14:02
Сæ цард сбастой ахуырадимæ

Радзурдзыстæм уын Лескены цæрæг Хъайырты бинонты цардвæндаджы тыххæй. Сæ иумæйаг фæллойадон азтæ сты æнусæй фылдæр. Саламджери æмæ Хулиматы педагогон фæллой баст у хъæуы цалдæр фæлтæримæ. Æрæджы семæ фембæлд нæ уацхæссæг, æмæ йын хистæртæ фæдзырдтой сæ мысинæгтæ.

74603
Сæ цард скъолаимæ сбастой нæ æрмæджы хъайтартæ. Радзурдзыстæм уын Лескены цæрæг Хъайырты бинонты цардвæндаджы тыххæй. Сæ иумæйаг фæллойадон азтæ сты æнусæй фылдæр. Саламджери æмæ Хулиматы педагогон фæллой баст у хъæуы цалдæр фæлтæримæ. Æрæджы семæ фембæлд нæ уацхæссæг, æмæ йын хистæртæ фæдзырдтой сæ мысинæгтæ.

Сæ иумæйаг фæллойадон азтæ сты æнусæй фылдæр. Бæлвырддæр та, Хъайырты бинонтæ сывæллæтты ахуырадæн радтой 115 азы. Уыимæ куыд сæхи цотæн рæдауæй, афтæ иннæтæн дæр. Сæ цард у æнæхъæн хъæуы æмæ цалдæр фæлтæры историй. Хъайырты Саламджери 50 азæй фæкуыста уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй, 25 азы та Лескены скъолайы директорæй. Рацарæзты рæстæг æрлæууыд уыцы бæрнон бынаты, æмæ йын гыццыл тыхтæ нæ бахъуыд скъола йæ къæхтыл слæууын кæнынмæ.

Саламджери скъолайы йæ рæстæг æрвыста сутгæгай, нæ зыдта фæлладуадзæн бонтæ, зæгъынц йæ раздæры æмкусджытæ æмæ йæ бинонтæ. Йæ урокты фæстæ иу райдыдта æндæр куыстытæ кæнын. Цалцæг иу кодта хъармдæттæн, бирæ хатт та иу дзы йе нæниздзитнад дæр фæцудыдта.

Уæвгæ зындзинæдтыл ахуыр уыди, æмæ йæм диссаг дæр нæ кастысты. Йæ цардвæндаг рауади уæззау, фæлæ куыд фæзæгъынц, уидагджын. Хуымæтæг фæллойгæнæгæй райдай, æмæ Лескены кадджын цæрæгæй фæу. 34-æм азы Хъайырты исбонджын бинонты кулактæ рахуыдтой, æмæ сæ сыбырмæ ахастой.
45-æмы сыздæхтысты сæ райгуырæн Лескенмæ, фæлæ сæм ам ничи æнхъæлмæ касти. Бинонты уаргъ æрæнцад сæ хистæр лæппу – æрыгон Саламджерийыл. Æфсады фæстæ бацыд фæсаууонмæ ахуырмæ, уæвгæ та йæ педагогон фæдаг райдыдта, сæ райгырæн бæстæ йæ дар хаст куы æрцыдысты, уæд. Кæсæг-Балхъары педагогон институты фæстаг курсы ахуыргæнгæйæ Саламджери райдыдта ахуыргæнæгæй кусын. Афтæ райдыдта йæ педагогон фæндаг.

Куыд ахуыргæнæг, афтæ домаг, фæлæ уыцы иу рæстæг зæрдæхæлар æмæ раст. Ахуыры рæстæг иу хатыр дæр нæ, уæлдайдæр та йæх цотæн æмæ уыдоны кæстæртæн. Йæ хæстæджытæм иу уыди уæлдай домаг дæр.
Йæ бирæ хæрзиуджыты хсæн ис, Цæдисы рæстæг кæй райста, ахæмтæ дæр, стæй йын æрæджы кæй радтой, ахæмтæ дæр. Фæлæ йын æппæты зынаргъдæр сты йæ хъомылгæнинæгты æнтыстдзинæдтæ.

Саламджеримæ уыдис йæхи æрхъуыдыдзинæдтæ сывæллæтты хъомылады. Хи фыдау йæ бон уыди фæхыл кæнын дæр, стæй раппæлын дæр. Абон Саламджеры змилы йæ цæхæрадонмæ. Æнæ куыстæй бадын ахуыр нæу. Сæйрагдæр та уый, æмæ царды раст фæндагыл æвæры йæ бинонты цалдæр фæлтæры. Йæ бинойнаг Хулиматимæ сты стыр æмæ хæлар бинонты хсæн. Ис сын 3 лæппуйы, 8 уыдоны кæстæртæ, æртæ та – æртыккаг фæлтæр. Сæрыстыр сты сæ бинонтæй, сæ хъомылгæнинæгтæ, стæй сæ цардæй иумæйагæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania