Мигъ кæй уыд, уый аххосæй хæдтæхджытæн сæ бон нæ дæр æрбадын уыд, нæ дæр стæхын. Авиакомпани «ЮТэйр» æмæ «Оренбургские авиалинии»-йы бæлцæттæ автобустæй æрвыст
Ахæм уавæр сæвзæрд, мигъ кæй æрбадт, уый аххосæй. Хæдтæхджыты бон нæ уыд стæхын дæр. «Дзæуджыхъæу»-ы аэропоты æнхъæлмæ кастысты сæдæгай адæм. Сабаты авиакомпани «Сибирь»-мæ билеттæ райстой 100 бæлццонæй фылдæр, фæлæ дыууæ рейсæй иу дæр нæ сæххæст кодтой. Боны ахасты аххосæй хæдтæхджытæ нæ тахтысты хуыцаубоны дæр. Бæлцæттæй бирæтæ аздæхтысты сæхимæ, иннæтæн та скодтой фысымуат, радтой сын дон æмæ хæринаг.
Авиакомпани «ЮТэйр» æмæ «Оренбургские авиалини»-йы бæлцæттæн, кæд зынтæй, уæддæр сæ бон атæхын сси. 200-йæ фылдæр бæлццоны автобустæй аластой Минводмæ.
Абон боны ахаст фæхуыздæр, æмæ аэропорт кусын райдыдта йе ‘рвылбоны фæткмæ гæсгæ.
